https://sputnik-ossetia.com/20211125/khussar-iry-tskhinvaly-rayony-nogay-aparakhat-is-afrikayag-emyna-14791097.html
Хуссар Иры Цхинвалы районы ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ
Хуссар Иры Цхинвалы районы ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы хӕдзарон фосыл ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ. Фыдрын цӕгъды хуытӕ Бихъаргомы, абон... 25.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-25T11:52+0300
2021-11-25T11:52+0300
2021-11-25T12:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/0f/12518438_0:179:3005:1869_1920x0_80_0_0_2b35d3bd77644ab90711fc4ac2ec5505.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы хӕдзарон фосыл ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ. Фыдрын цӕгъды хуытӕ Бихъаргомы, абон ветеринарон службӕтӕ бабӕрӕг кӕндзысты уавӕр бынаты, радзырдта Цхинвалы районы эпизоотолог Лолаты Владимир.Ацы аз Хуссар Ирыстоны ӕртӕ районы апарахат ис африкӕйаг емынӕ, низ ма нӕ уыд ӕрмӕст Ленингоры районы."Ныридӕгӕн низ сбӕлвырд кодтой Бихъаргомы. Уым ӕртӕ хъӕддаг хуыйы мӕрдты хуызӕгтӕ сахуыр кодтой Кропоткины лабораторийы ӕмӕ сбӕлвырд кодтой африкӕйаг емынӕ. Низ цы хъӕуты апарахат вӕййы, уым сын бар дӕттӕм аргӕвдын сӕ фосӕн, цалынмӕ сыл низ ма бахӕца, уӕдмӕ. Фӕлӕ сын базармӕ ӕрласыны бар нӕй", - загъта Лолаты Владимир.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, низ хӕссынц хъӕддаг хуытӕ, йӕ ныхмӕ вакцинӕ нӕй, иунӕг фӕрӕз низӕй бахъахъхъӕнынӕн у хуыты ӕхгӕдӕй дарын.Специалист ма радзырдта, уӕлдӕфы температурӕ куы фӕныллӕгдӕр уа, уӕд эпидеми дӕр кӕй фӕнымӕг уыдзӕн.
https://sputnik-ossetia.com/20210923/Khussar-Iry-fsast-khuyty-afrikyag-emynyy-epidemi-12852102.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/0f/12518438_138:0:2867:2047_1920x0_80_0_0_eb2d8ae3e8ca8037257133319371566d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры Цхинвалы районы ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ
11:52 25.11.2021 (Ранӕуӕггонд: 12:02 25.11.2021) ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы хӕдзарон фосыл ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ. Фыдрын цӕгъды хуытӕ Бихъаргомы, абон ветеринарон службӕтӕ бабӕрӕг кӕндзысты уавӕр бынаты, радзырдта Цхинвалы районы эпизоотолог Лолаты Владимир.
Ацы аз Хуссар Ирыстоны ӕртӕ районы апарахат ис африкӕйаг емынӕ, низ ма нӕ уыд ӕрмӕст Ленингоры районы.
"Ныридӕгӕн низ сбӕлвырд кодтой Бихъаргомы. Уым ӕртӕ хъӕддаг хуыйы мӕрдты хуызӕгтӕ сахуыр кодтой Кропоткины лабораторийы ӕмӕ сбӕлвырд кодтой африкӕйаг емынӕ. Низ цы хъӕуты апарахат вӕййы, уым сын бар дӕттӕм аргӕвдын сӕ фосӕн, цалынмӕ сыл низ ма бахӕца, уӕдмӕ. Фӕлӕ сын базармӕ ӕрласыны бар нӕй", - загъта Лолаты Владимир.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, низ хӕссынц хъӕддаг хуытӕ, йӕ ныхмӕ вакцинӕ нӕй, иунӕг фӕрӕз низӕй бахъахъхъӕнынӕн у хуыты ӕхгӕдӕй дарын.
"Ацы районы ныридӕгӕн аргӕвстой 210 хуыйы бӕрц, науӕд амардысты низӕй. Ныр ма ӕрмӕст Дменисы дарынц хуытӕ, фӕлӕ сӕ уым дӕр ӕддӕмӕ нӕ уадзынц", - бафтыдта уый.
Специалист ма радзырдта, уӕлдӕфы температурӕ куы фӕныллӕгдӕр уа, уӕд эпидеми дӕр кӕй фӕнымӕг уыдзӕн.