Хуссар Иры Цхинвалы районы ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæ африкӕйаг емынӕ
 африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы хӕдзарон фосыл ногӕй апарахат ис африкӕйаг емынӕ. Фыдрын цӕгъды хуытӕ Бихъаргомы, абон ветеринарон службӕтӕ бабӕрӕг кӕндзысты уавӕр бынаты, радзырдта Цхинвалы районы эпизоотолог Лолаты Владимир.
Ацы аз Хуссар Ирыстоны ӕртӕ районы апарахат ис африкӕйаг емынӕ, низ ма нӕ уыд ӕрмӕст Ленингоры районы.
хуыты африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.09.2021
Хуссар Иры фӕсаст хуыты африкӕйаг емынӕйы эпидеми
"Ныридӕгӕн низ сбӕлвырд кодтой Бихъаргомы. Уым ӕртӕ хъӕддаг хуыйы мӕрдты хуызӕгтӕ сахуыр кодтой Кропоткины лабораторийы ӕмӕ сбӕлвырд кодтой африкӕйаг емынӕ. Низ цы хъӕуты апарахат вӕййы, уым сын бар дӕттӕм аргӕвдын сӕ фосӕн, цалынмӕ сыл низ ма бахӕца, уӕдмӕ. Фӕлӕ сын базармӕ ӕрласыны бар нӕй", - загъта Лолаты Владимир.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, низ хӕссынц хъӕддаг хуытӕ, йӕ ныхмӕ вакцинӕ нӕй, иунӕг фӕрӕз низӕй бахъахъхъӕнынӕн у хуыты ӕхгӕдӕй дарын.

"Ацы районы ныридӕгӕн аргӕвстой 210 хуыйы бӕрц, науӕд амардысты низӕй. Ныр ма ӕрмӕст Дменисы дарынц хуытӕ, фӕлӕ сӕ уым дӕр ӕддӕмӕ нӕ уадзынц", - бафтыдта уый.

Специалист ма радзырдта, уӕлдӕфы температурӕ куы фӕныллӕгдӕр уа, уӕд эпидеми дӕр кӕй фӕнымӕг уыдзӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0