https://sputnik-ossetia.com/20211126/italiyy-parlamenty-deputat-fandy-na-akhkhuys-kanyn-khussar-iran-sabyrdzinadma-fandagyl--14800701.html
Италийы парламенты депутат: фӕнды нӕ ӕххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн сабырдзинадмӕ фӕндагыл
Италийы парламенты депутат: фӕнды нӕ ӕххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн сабырдзинадмӕ фӕндагыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Италийы парламенты депутат "Лига" партийӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл комитеты уӕнг Вито Коменчини фехъусын кодта... 26.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-26T12:18+0300
2021-11-26T12:18+0300
2021-11-26T12:18+0300
хуссар ирыстоны
дунейы
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1a/14799981_0:0:1281:721_1920x0_80_0_0_7df6efec14982696249c105942fba4d3.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Италийы парламенты депутат "Лига" партийӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл комитеты уӕнг Вито Коменчини фехъусын кодта, ирон-италиаг ӕмгуыстад кӕй уыдзӕн пайда ирон адӕмӕн бӕлвырд сӕрибардзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ фӕндагыл.Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий 22 ноябрӕй фӕстӕмӕ ис кусӕгон балцы Италийы бынӕттон парламенты депутатты къорды ӕрхуындӕй. Министр бабӕрӕг кодта горӕт Градара, цы ран фембӕлд мэр Вилиппо Гаспериимӕ ӕмӕ администрацийы президент Фредерико Мармареллаимӕ. Афтӕ ма знон министр фембӕлд италиаг парламенты депутаттимӕ Монтечиторио Галуаны Римы.Вито Коменчини банысан кодта, дарддӕр кӕй ӕвдисдзӕн ӕнцойдзинад ирон адӕмы сӕрибардзинад, декократи ӕмӕ сабырдзинады хъуыддагӕн.Коменчини радзырдта, Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой культурон, историон ӕмӕ экономикон аспектты перспективӕтыл, рабадты хайадисджытӕ ссардтой бирӕ иумӕйаг моменттӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1a/14799981_57:0:1194:853_1920x0_80_0_0_602029d5b357266a4234b12cda9454b7.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, дунейы, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, дунейы, ног хабӕрттӕ
Италийы парламенты депутат: фӕнды нӕ ӕххуыс кӕнын Хуссар Ирӕн сабырдзинадмӕ фӕндагыл
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Италийы парламенты депутат "Лига" партийӕ ӕмӕ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты фӕдыл комитеты уӕнг Вито Коменчини фехъусын кодта, ирон-италиаг ӕмгуыстад кӕй уыдзӕн пайда ирон адӕмӕн бӕлвырд сӕрибардзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ фӕндагыл.
Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) сӕргълӕууӕг Медойты Дмитрий 22 ноябрӕй фӕстӕмӕ ис кусӕгон балцы Италийы бынӕттон парламенты депутатты къорды ӕрхуындӕй. Министр бабӕрӕг кодта горӕт Градара, цы ран фембӕлд мэр Вилиппо Гаспериимӕ ӕмӕ администрацийы президент Фредерико Мармареллаимӕ. Афтӕ ма знон министр фембӕлд италиаг парламенты депутаттимӕ Монтечиторио Галуаны Римы.
Вито Коменчини банысан кодта, дарддӕр кӕй ӕвдисдзӕн ӕнцойдзинад ирон адӕмы сӕрибардзинад, декократи ӕмӕ сабырдзинады хъуыддагӕн.
"Ацы фембӕлд уыд пайдаджын Италиимӕ дарддӕры диалогӕн. Уый фидар кӕны ӕмгуыстад, кӕцы уыдзӕн ахсджиаг Ирыстонӕн ӕмӕ ирон адӕмӕн бӕлвырд сӕрибардзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ фӕндагыл", - загъта депутат.
Коменчини радзырдта, Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕгимӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой культурон, историон ӕмӕ экономикон аспектты перспективӕтыл, рабадты хайадисджытӕ ссардтой бирӕ иумӕйаг моменттӕ.