https://sputnik-ossetia.com/20211126/tedety-dzambolat-arsidt-ravdisyn-ambargadzinad-qr-kodty-fadyl-zakon-raysty-tykhkhay---14804747.html
Тедеты Дзамболат ӕрсидт равдисын ӕмбаргӕдзинад QR-кодты фӕдыл закон райсты тыххӕй
Тедеты Дзамболат ӕрсидт равдисын ӕмбаргӕдзинад QR-кодты фӕдыл закон райсты тыххӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат. уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕстӕй уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат... 26.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-26T17:17+0300
2021-11-26T17:17+0300
2021-11-26T17:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/905/90/9059016_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_97e7682f294ae82d646cc062660305aa.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат. уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕстӕй уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат нымайы, цӕрджытӕ кӕй хъуамӕ бамбарой QR-кодты фӕдыл законы райст ӕмӕ балӕууой хицауады фарс коронавирусимӕ тохы хъуыддаджы. Бон раздӕр Цӕгат Ирыстоны парламенты депутаттӕ ногӕй ӕркастытсты федералон законы проектмӕ дзыллон мадзӕлттӕ, культурон уагдӕттӕ, хӕрӕндӕттӕ, базарадон центртӕ ӕмӕ дуканитӕм бацӕуыны тыххӕй QR-кодтӕ бакӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинады фӕдыл. Закон хорзыл банымадтой44 депутаты, цыппар не сразы сты йемӕ, иу та хайад нӕ райста хъӕлӕсӕппӕрсты. Уый банысан кодта, адӕм кӕй бӕллынц фенын исты хорз динамикӕ ацы фарсты фӕдыл."Ӕмбарын ахӕм адӕмы дӕр, кӕцытӕн ис ӕндӕр хъуыды ацы фарсты фӕдыл. Фӕлм хъуамӕ дӕ сӕрӕй ахъуыды кӕнай ӕмӕ бакӕсай, рынчындӕтты цытӕ цӕуы. Нал фӕразӕм не 'ввахс адӕм ӕмӕ хиуӕтты ныгӕнын", - загъта депутат.Сӕйраг тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбырдгонды спортсментӕ ииуылдӕр сарӕзтой вакцинӕтӕ, науӕд сӕ нӕ бауагътаиккой Токиомӕ олимпиаг хъӕзтытӕм. Уыдонӕй иуӕн дӕр, уырнын кӕны Тедеты Дзамболат, нӕ уыд ницы ӕппӕрццаг ӕндӕвдад.
https://sputnik-ossetia.com/20211013/Tsgat-Iry-bakodtoy-nmng-vaktsinatsi-paddzakhadon-sluzhbgndzhytn-12938273.html
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/905/90/9059016_335:0:3066:2048_1920x0_80_0_0_e3552b8d973194a7b39335f512c3ff88.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, уӕрӕсейы
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон, уӕрӕсейы
ЦХИНВАЛ, 26 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Цӕгат Ирыстоны парламенты депутат. уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕстӕй уӕрӕсейаг ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат нымайы, цӕрджытӕ кӕй хъуамӕ бамбарой QR-кодты фӕдыл законы райст ӕмӕ балӕууой хицауады фарс коронавирусимӕ тохы хъуыддаджы.
Бон раздӕр Цӕгат Ирыстоны парламенты депутаттӕ ногӕй ӕркастытсты федералон законы проектмӕ дзыллон мадзӕлттӕ, культурон уагдӕттӕ, хӕрӕндӕттӕ, базарадон центртӕ ӕмӕ дуканитӕм бацӕуыны тыххӕй QR-кодтӕ бакӕныны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинады фӕдыл. Закон хорзыл банымадтой44 депутаты, цыппар не сразы сты йемӕ, иу та хайад нӕ райста хъӕлӕсӕппӕрсты.
"QR-кодтӕм мӕнӕн ис ӕвӕрццаг ахаст, уымӕн ӕмӕ абоны бон ис тынг бирӕ проблемӕтӕ ӕмӕ йӕ нырма кӕронмӕ дӕр не 'мбарӕм, куыд хос кӕнын хъӕуы ацы коронавирусӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ӕмбаргӕдзинад равдисын, уымӕн ӕмӕ уынӕм низы мӕгуырау фӕстиуджытӕ канд Цӕгат Иры нӕ, фӕлӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр", - загъта Тедеты Дзамболат йӕ интервьюйы Sputnik.
Уый банысан кодта, адӕм кӕй бӕллынц фенын исты хорз динамикӕ ацы фарсты фӕдыл.
"Ӕмбарын ахӕм адӕмы дӕр, кӕцытӕн ис ӕндӕр хъуыды ацы фарсты фӕдыл. Фӕлм хъуамӕ дӕ сӕрӕй ахъуыды кӕнай ӕмӕ бакӕсай, рынчындӕтты цытӕ цӕуы. Нал фӕразӕм не 'ввахс адӕм ӕмӕ хиуӕтты ныгӕнын", - загъта депутат.
Сӕйраг тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕмбырдгонды спортсментӕ ииуылдӕр сарӕзтой вакцинӕтӕ, науӕд сӕ нӕ бауагътаиккой Токиомӕ олимпиаг хъӕзтытӕм. Уыдонӕй иуӕн дӕр, уырнын кӕны Тедеты Дзамболат, нӕ уыд ницы ӕппӕрццаг ӕндӕвдад.