https://sputnik-ossetia.com/20211126/zaldyl-khauga-tsaman-rakaldtoy-tskhinvaly-balasta-14803205.html
Зӕлдыл хъаугъа: цӕмӕн ракалдтой Цхинвалы бӕлӕстӕ?
Зӕлдыл хъаугъа: цӕмӕн ракалдтой Цхинвалы бӕлӕстӕ?
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицӕйы цы бӕлӕстӕ ралыг кӕнынц, уыдонӕн тӕссаг вӕййы ракӕлынӕй, фехъусын кодта Sputnik горӕты... 26.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-26T14:26+0300
2021-11-26T14:26+0300
2021-11-26T15:02+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1a/14802657_0:246:2731:1782_1920x0_80_0_0_2bb57725792deb0639d19cef91bca9c7.jpg
ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицӕйы цы бӕлӕстӕ ралыг кӕнынц, уыдонӕн тӕссаг вӕййы ракӕлынӕй, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы хӕрзарӕзтады комбинаты зӕлдфӕлындӕн управленийы декоратор Чилӕхсаты Ӕхсар.Хуссар Иры экологтӕ ӕмӕ горӕты администрацийы зӕлдфӕлындӕн управленийы хсӕн дон никуыд сыгъдӕг кӕны. Горӕты цы бӕлӕстӕ ракалынц, уыдонмӕ экологон организаци хъусдард аздахы, сӕ нывтӕ сын сӕвӕрынц социалон хызӕгты. Ӕрӕджы та иу ахӕм хъусинаг сӕвӕрдта горӕты цӕрӕг Елена Папелашвили Ӕхсӕнадон змӕлд "Зеленая Алания"-йы фарсыл.Хӕрзарӕзтады комбинаты зӕлдфӕлындӕн управленийы кусджытӕн цӕрджытӕ сӕ куыст кӕй не мбарынц, уый сӕм ӕвзӕрын кӕны ӕппӕрццаг хъуыдытӕ."Сусӕгӕй нывтӕ исыны бӕсты хъӕуы бафӕрсын специалистты. Цхинвалы иу тала дӕр ӕнӕ къамисы фӕндонӕй нӕ ракалӕм. Уыдон ын йӕ уавӕр сахуыр кӕнынц ӕмӕ кӕд вӕййы рынчын, уӕд ӕй ралыг кӕнӕм. Афтӕ бахъуыд ралынг кӕнын Тасойты Инал ӕмӕ Октябры уынгты алвӕндагыл цы бӕлас ис, уый дӕр", - радзырдта Чилӕхсаты Ӕхсар.Уый ма ӕрымысыд, амӕй размӕ Октябры уынгыл наз бӕлас дымгӕйы фӕстиуӕгӕн куы рафӕлдӕхт ӕмӕ ныппырх кодта хӕдтулгӕ.Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕстаг ӕзты арӕх рацӕуы хъаугъатӕ бӕлӕстӕ калыны фӕдыл, дзырддаг уыдысты Октябры уынджы кедыртӕ, Стыр парчы бӕлӕстӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1a/14802657_0:0:2731:2048_1920x0_80_0_0_106ad28f3574fcf9e35022e81b5b8665.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Зӕлдыл хъаугъа: цӕмӕн ракалдтой Цхинвалы бӕлӕстӕ?
14:26 26.11.2021 (Ранӕуӕггонд: 15:02 26.11.2021) ЦХИНВАЛ, 26 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры столицӕйы цы бӕлӕстӕ ралыг кӕнынц, уыдонӕн тӕссаг вӕййы ракӕлынӕй, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы хӕрзарӕзтады комбинаты зӕлдфӕлындӕн управленийы декоратор Чилӕхсаты Ӕхсар.
Хуссар Иры экологтӕ ӕмӕ горӕты администрацийы зӕлдфӕлындӕн управленийы хсӕн дон никуыд сыгъдӕг кӕны. Горӕты цы бӕлӕстӕ ракалынц, уыдонмӕ экологон организаци хъусдард аздахы, сӕ нывтӕ сын сӕвӕрынц социалон хызӕгты. Ӕрӕджы та иу ахӕм хъусинаг сӕвӕрдта горӕты цӕрӕг Елена Папелашвили Ӕхсӕнадон змӕлд "Зеленая Алания"-йы фарсыл.
"Ацы бонты дыууӕ бӕласы бӕсты федтон сӕ бындзӕфхӕдтӕ. Уыдонӕй бӕрӕг у, бӕлӕстӕ рынчын кӕй нӕ уыдысты. Ӕфснайгӕ хорз кӕнынц, фӕлӕ бӕлӕстӕ цӕмӕн калынц?", - фыссы уый.
Хӕрзарӕзтады комбинаты зӕлдфӕлындӕн управленийы кусджытӕн цӕрджытӕ сӕ куыст кӕй не мбарынц, уый сӕм ӕвзӕрын кӕны ӕппӕрццаг хъуыдытӕ.
"Сусӕгӕй нывтӕ исыны бӕсты хъӕуы бафӕрсын специалистты. Цхинвалы иу тала дӕр ӕнӕ къамисы фӕндонӕй нӕ ракалӕм. Уыдон ын йӕ уавӕр сахуыр кӕнынц ӕмӕ кӕд вӕййы рынчын, уӕд ӕй ралыг кӕнӕм. Афтӕ бахъуыд ралынг кӕнын Тасойты Инал ӕмӕ Октябры уынгты алвӕндагыл цы бӕлас ис, уый дӕр", - радзырдта Чилӕхсаты Ӕхсар.
Уый ма ӕрымысыд, амӕй размӕ Октябры уынгыл наз бӕлас дымгӕйы фӕстиуӕгӕн куы рафӕлдӕхт ӕмӕ ныппырх кодта хӕдтулгӕ.
"Уыцы хӕрдзтӕ слӕууыдысты 300 мин сомы. Бӕлас рынчын куы вӕййы, уӕд ын тӕссаг у рафӕлдӕхынӕй, уый та кӕны фыдбылызтӕм", - бафтыдта уый.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы фӕстаг ӕзты арӕх рацӕуы хъаугъатӕ бӕлӕстӕ калыны фӕдыл, дзырддаг уыдысты Октябры уынджы кедыртӕ, Стыр парчы бӕлӕстӕ.