https://sputnik-ossetia.com/20211129/khussar-iry-rynchyndony-arbalauga-azay-uadzdzysty-endoprotezirovanieyy-operatsita-14820736.html
Хуссар Иры рынчындоны ӕрбалӕугӕ азӕй уадздзысты эндопротезированиейы операцитӕ
Хуссар Иры рынчындоны ӕрбалӕугӕ азӕй уадздзысты эндопротезированиейы операцитӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон центры бындурыл 2022 азы райдайдзысты эндопротезированиейы операцитӕ аразын... 29.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-29T12:07+0300
2021-11-29T12:07+0300
2021-11-29T12:07+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/0d/14689301_0:146:1000:709_1920x0_80_0_0_c73c2eb2441fac2619bf57985ef47384.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон центры бындурыл 2022 азы райдайдзысты эндопротезированиейы операцитӕ аразын, фехъусын кодта пресс-конференцийы рӕстӕджы Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.Ивгъуыд къуырийы кӕрон Хуссар Ирыстонмӕ ӕрхуыдтой дохтыр-травматолог Ратмир Абдусаламовы Дагестанӕй, уый йӕ къордимӕ ӕмӕ бынӕттон дохтыр травматолог-ортопед Константин Серветникы ӕмархайдӕй Цхинвалы ауагътой фыццаг цыппар операцийы. Серветник уымӕй размӕ иу мӕйы дӕргъы уыд Дагестаны - уым ахуыр кодта сӕ фӕлтӕрддзинадыл.Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм бӕрзонд технологиты операцитӕ ныр цӕудзысты Цхинвалы дӕр. Наниты Сослан ма бафтыдта, Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады ахӕм операцитӕм адӕм кӕй лӕууынц радты.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/0d/14689301_0:0:1000:750_1920x0_80_0_0_974f616daca5c6035a5a5963d9e79308.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры рынчындоны ӕрбалӕугӕ азӕй уадздзысты эндопротезированиейы операцитӕ
ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон центры бындурыл 2022 азы райдайдзысты эндопротезированиейы операцитӕ аразын, фехъусын кодта пресс-конференцийы рӕстӕджы Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Ивгъуыд къуырийы кӕрон Хуссар Ирыстонмӕ ӕрхуыдтой дохтыр-травматолог Ратмир Абдусаламовы Дагестанӕй, уый йӕ къордимӕ ӕмӕ бынӕттон дохтыр травматолог-ортопед Константин Серветникы ӕмархайдӕй Цхинвалы ауагътой фыццаг цыппар операцийы. Серветник уымӕй размӕ иу мӕйы дӕргъы уыд Дагестаны - уым ахуыр кодта сӕ фӕлтӕрддзинадыл.
Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм бӕрзонд технологиты операцитӕ ныр цӕудзысты Цхинвалы дӕр.
"Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрад йӕ разы цы хӕс ӕвӕрдта - ахӕм операцитӕ бынаты уадзын - уый сӕххӕст ис. Ног азы уагдон йӕ ног бюджетӕй самал кӕндзӕн протезтӕ. Ӕмӕ ӕдзухон бындурыл нӕ республикикӕйы ныббиноныг кӕндзыстӕм эндопротезирование", - загъта министр.
Наниты Сослан ма бафтыдта, Ӕнӕниздзинадхъахъхъӕнынады министрады ахӕм операцитӕм адӕм кӕй лӕууынц радты.