https://sputnik-ossetia.com/20211130/dzauy-poselochy-ivynts-doniftongady-khatalta-14832267.html
Дзауы поселочы ивынц донифтонгады хӕтӕлтӕ
Дзауы поселочы ивынц донифтонгады хӕтӕлтӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Дзауы районы коммуналон службӕтӕ ивынц зӕххыбын коммуникацитӕ Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы. ПТРК "ИР" куыд хъусын... 30.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-30T13:25+0300
2021-11-30T13:25+0300
2021-11-30T13:25+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1e/14830652_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_49ec70a5e7a03a954b0da91887a4c63c.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Дзауы районы коммуналон службӕтӕ ивынц зӕххыбын коммуникацитӕ Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы. ПТРК "ИР" куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй донифтонгады хӕтӕлтӕ нал бӕззыдысты, сарӕх сты аваритӕ, уый фӕдыл коммуналон кусджытӕ бавнӕлдтой сӕ ивынмӕ.Уынджы дӕргъ, кӕцыйыл уагъд цӕуынц куыстытӕ, у 315 метры, ӕдӕппӕт дзы цӕрынц 15 бинонтӕ.Куыстытӕ иууылдӕр уагъд цӕуынц районы администрацийы коммуналон службӕты тыхтӕй.Амӕйразмӕ Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей фехъусын кодта Sputnik, районы мидӕггагон бюджетмӕ гӕсгӕ нывӕзты ис бирӕ куыстытӕ, сӕ нымӕцы хъӕуы фӕндӕгты цалцӕг.Районы сӕргълӕууӕг бафтыдта, сӕйраг хъусдард здӕхт цӕуы арӕнгӕрон ӕмӕ дӕрддзӕф цӕрӕг пункттӕм. Уым сарӕзтой хидтӕ, сцалцӕг кодтой фӕндаг ӕмӕ рауагътой дон.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1e/14830652_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_a8e2b5d4aad500219d276e7667d67512.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Дзауы поселочы ивынц донифтонгады хӕтӕлтӕ
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Дзауы районы коммуналон службӕтӕ ивынц зӕххыбын коммуникацитӕ Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы. ПТРК "ИР" куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй донифтонгады хӕтӕлтӕ нал бӕззыдысты, сарӕх сты аваритӕ, уый фӕдыл коммуналон кусджытӕ бавнӕлдтой сӕ ивынмӕ.
Уынджы дӕргъ, кӕцыйыл уагъд цӕуынц куыстытӕ, у 315 метры, ӕдӕппӕт дзы цӕрынц 15 бинонтӕ.
"Нӕ кусджытӕ дыууӕ къуырийы размӕ бавнӕлдтой куыстытӕм Фӕскомцӕдисы уынгыл. Кусджытӕ куыстой улӕфт бонты дӕр, ӕмӕ ныр ацы уынджы алкӕцы хӕдзармӕ дӕр баиу кодтой ног хӕтӕлтӕ", - радзырдта Дзауы районы ЦКХ сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Тамерлан.
Куыстытӕ иууылдӕр уагъд цӕуынц районы администрацийы коммуналон службӕты тыхтӕй.
Амӕйразмӕ Дзауы районы администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Андрей фехъусын кодта Sputnik, районы мидӕггагон бюджетмӕ гӕсгӕ нывӕзты ис бирӕ куыстытӕ, сӕ нымӕцы хъӕуы фӕндӕгты цалцӕг.
Районы сӕргълӕууӕг бафтыдта, сӕйраг хъусдард здӕхт цӕуы арӕнгӕрон ӕмӕ дӕрддзӕф цӕрӕг пункттӕм. Уым сарӕзтой хидтӕ, сцалцӕг кодтой фӕндаг ӕмӕ рауагътой дон.