https://sputnik-ossetia.com/20211130/grafinya-atsyd-teatry-rymysydysty-admon-artistka-galuanty-lyudayy-14835480.html
Графиня ацыд. Театры мысыдысты адæмон артисткæ Галуанты Людайы
Графиня ацыд. Театры мысыдысты адæмон артисткæ Галуанты Людайы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Адæмон артисткæ Галуанты Людмила ацы дунейæ ацыд дыууиссӕдз боны размӕ, фӕлӕ та абон театры сценӕйыл сӕрӕгасау хъуысы... 30.11.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-11-30T17:04+0300
2021-11-30T17:04+0300
2021-12-01T11:39+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1e/14834753_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_33bb716b674f8dd90ef2ac9af21e045f.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Адæмон артисткæ Галуанты Людмила ацы дунейæ ацыд дыууиссӕдз боны размӕ, фӕлӕ та абон театры сценӕйыл сӕрӕгасау хъуысы йӕ хъӕлӕс, экраныл æвдисынц йӕ спектакльты скъуыддзӕгтӕ.Ӕнӕмӕлгӕ артисткӕйы архайд раздӕрау ӕвзарын кӕны цины ӕмӕ хъыджы ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ къухӕмдзӕгъд. Абон та уый уыд сӕйраг ролы.Залы ӕрӕмбырд сты йӕ хӕлӕрттӕ, хиуӕуттӕ, коллегӕтӕ ӕмӕ театралон факультеты студенттӕ. Ӕмдзӕвгӕтӕ, спектакльтӕй скъуыддзагтӕ, зарджытӕ ӕмӕ мысинӕгтӕ ивтой кӕрӕдзи.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хатгай-иу спектакль уыдзӕн æви нæ ,уый баст уыд Галуанты Людӕйы разыдзинадимæ."Уый театры историмӕ бацыд, куыд актрисӕ, кӕцы хицӕн ӕзты ахъазыд иу фӕлгонц ӕртӕ хатты - "Ныййарӕджы кадӕг"-ы уый сӕххӕст кодта сӕйраг роль 30-аздзыдæй, 50 азы кары ӕмӕ 80-аздзыдӕй", - бафтыдта уый.Йӕ цард, йӕ ахуыр ӕмӕ йӕ куыст Людаимæ кодта Гугкаты Эвелина, уый ӕрымысыд хъӕлдзӕг цаутӕ, фӕлӕ фӕстагмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг."Станиславскийы продукттӕ стӕм Людаимӕ. Люда йæхицӕн сарæзта ӕнӕмӕлгӕ цырт, æмæ дын кӕд театр дӕр скад кæна, уæд хорз. Ахматовайы хуызӕн фӕрсыс дӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ды дæр", - загъта актриса.Уый ма ӕрӕмысыд, актрисӕтӕ муртыл куы куыстой, уыцы уӕззау ӕзтӕ.Октябры кӕрон Иры дзыллӕ фӕстаг хӕрзбон загътой Национ театры ирд стъалы Галуанты Людмилӕйӕн. Сӕдӕгай адӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй фӕстаг хӕрзбон зӕгъой Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмилайӕн. Йе ʻмкусæг æмæ ахуыргæнинаг Гæджиты Инга æрымысыд, Люда йæ хъулон уарзтæй кæй уарзта."Графиня ацыд. Афтӕ мӕм радзырдта Тамик. Ацыд зондамонӕг æмæ æцæг графиня. Нӕ курсӕй хъулон уарзт кодта Дзудццаты Тамерлан, мӕн ӕмӕ Джиоты Сосланы. Цард дын фестон - йӕ фæлмæн ныхас уыд иууыл афтӕ", - радзырда уый.Галуанты Людайы мысæн изæры айзæлдысты зарджытӕ спектакль "Ныййарӕджы кадӕг"- ӕй.Поэт Чехойты Александр ныффыста ӕмдзӕвгӕ ӕнӕмӕлгӕ актирсӕйы номыл ӕмӕ йӕ бакаст коллективы раз.Мадзалы ма равдыстой Цæгат Ирыстоны бацӕттӕгонд алæвæрд, театралон факультеты студенттæ радзыдтой æмдзæвгæтæ, айзæлдысты зарджытæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0b/1e/14834753_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_b1c7eb32ca7b75605e97a9bee6508269.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Адæмон артисткæ Галуанты Людмила ацы дунейæ ацыд дыууиссӕдз боны размӕ, фӕлӕ та абон театры сценӕйыл сӕрӕгасау хъуысы йӕ хъӕлӕс, экраныл æвдисынц йӕ спектакльты скъуыддзӕгтӕ.
Ӕнӕмӕлгӕ артисткӕйы архайд раздӕрау ӕвзарын кӕны цины ӕмӕ хъыджы ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ къухӕмдзӕгъд. Абон та уый уыд сӕйраг ролы.
Залы ӕрӕмбырд сты йӕ хӕлӕрттӕ, хиуӕуттӕ, коллегӕтӕ ӕмӕ театралон факультеты студенттӕ. Ӕмдзӕвгӕтӕ, спектакльтӕй скъуыддзагтӕ, зарджытӕ ӕмӕ мысинӕгтӕ ивтой кӕрӕдзи.
"40 боны йӕ уд вӕййы йӕ хӕдзары, йӕ куыстуаты. Фӕлӕ Люда йӕ театрӕй нӕ ацӕудзӕн. Зын у зӕгъын, кӕй нал ӕрбацӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ мах алыхаттдӕр мысдзыстӕм: Люда афтӕ загъта, афтӕ ахъазыд... ", - банысан кодта театры аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзуццаты Тамерлан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, хатгай-иу спектакль уыдзӕн æви нæ ,уый баст уыд Галуанты Людӕйы разыдзинадимæ.
"Уый театры историмӕ бацыд, куыд актрисӕ, кӕцы хицӕн ӕзты ахъазыд иу фӕлгонц ӕртӕ хатты - "Ныййарӕджы кадӕг"-ы уый сӕххӕст кодта сӕйраг роль 30-аздзыдæй, 50 азы кары ӕмӕ 80-аздзыдӕй", - бафтыдта уый.
Йӕ цард, йӕ ахуыр ӕмӕ йӕ куыст Людаимæ кодта Гугкаты Эвелина, уый ӕрымысыд хъӕлдзӕг цаутӕ, фӕлӕ фӕстагмӕ йӕ зӕрдӕ суынгӕг.
"Станиславскийы продукттӕ стӕм Людаимӕ. Люда йæхицӕн сарæзта ӕнӕмӕлгӕ цырт, æмæ дын кӕд театр дӕр скад кæна, уæд хорз. Ахматовайы хуызӕн фӕрсыс дӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ды дæр", - загъта актриса.
Уый ма ӕрӕмысыд, актрисӕтӕ муртыл куы куыстой, уыцы уӕззау ӕзтӕ.
"Хисӕрмагонд амонд ын нӕ уыд, йӕ амонд уыд театр. Йӕ мой дӕр ӕй фӕуагъта. Ӕнӕ уый та схъомыл ис сидзæрæй", - радзырдта Гугкаты Эвелина.
Октябры кӕрон Иры дзыллӕ фӕстаг хӕрзбон загътой Национ театры ирд стъалы Галуанты Людмилӕйӕн. Сӕдӕгай адӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй фӕстаг хӕрзбон зӕгъой Хуссар Ирыстоны Адӕмон артисткӕ Галуанты Людмилайӕн. Йе ʻмкусæг æмæ ахуыргæнинаг Гæджиты Инга æрымысыд, Люда йæ хъулон уарзтæй кæй уарзта.
"Графиня ацыд. Афтӕ мӕм радзырдта Тамик. Ацыд зондамонӕг æмæ æцæг графиня. Нӕ курсӕй хъулон уарзт кодта Дзудццаты Тамерлан, мӕн ӕмӕ Джиоты Сосланы. Цард дын фестон - йӕ фæлмæн ныхас уыд иууыл афтӕ", - радзырда уый.
Галуанты Людайы мысæн изæры айзæлдысты зарджытӕ спектакль "Ныййарӕджы кадӕг"- ӕй.
Поэт Чехойты Александр ныффыста ӕмдзӕвгӕ ӕнӕмӕлгӕ актирсӕйы номыл ӕмӕ йӕ бакаст коллективы раз.
Мадзалы ма равдыстой Цæгат Ирыстоны бацӕттӕгонд алæвæрд, театралон факультеты студенттæ радзыдтой æмдзæвгæтæ, айзæлдысты зарджытæ.