Хуссар Иры иу суткӕмӕ хыгъдӕй систой 150 сӕнӕнизуӕвӕджы коронавирусӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 18 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы фӕстаг суткӕ сарӕзтой 169 иртӕсты , уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 18. Ивгъуыд суткӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 150 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 1196 пациенты", - загътой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 8654.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 52 458 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9850 адӕймаджы.
Скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2021
Грипп ӕмӕ COVID-19: Цхинвалы ногӕй сӕхгӕдтой кълӕстӕ цалдӕр скъолайы
Ног хабӕртты лентӕ
0