Дзӕуджыхъӕуы ссардтой 15-аздзыд лӕппуйы мард

© Sputnik / Руслан КривобокУӕрӕсейы прокуратурӕ
Уӕрӕсейы прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕрттӕй иуы раз хӕлд хӕдтулгӕйы мидӕг ссардтой 15-аздзыд лӕппуйы мӕрдон буар, хъусын кӕны 15-ӕм Регион республикӕйы МХМ информацийыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
"Нӕй дзы тыхмарды фӕдтӕ. Развӕлгъау бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕнадхом фӕхъӕстӕ ис. Машинӕй салоны уыд бензины тӕф, канистрӕ дӕр разынд уым", - бамбарын кодта ныхасӕмбал.
Машинӕ уыд фӕмардуӕвӕг лӕппуйы фыды. Уый йӕ фыдмӕ цалдӕр боны размӕ ӕрцыд Невынномыскӕй.
Цауы фӕдыл басгӕрст уадзы Дзӕуджыхъӕуы Цӕгаттаг-Ныгуылӕйнаг районы прокуратурӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0