Хуссар Иры парламент сратификаци кодта бадзырд Уӕрӕсеимӕ дывӕр ӕмбӕстӕгады фӕдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ Парламент
РХИ Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ , 1 дек - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттӕ сратификаци кодтой уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг бадзырд дывӕр ӕмбӕстагады фарстытӕ ӕрнывыл кӕныны фӕдыл.
Бадзырд бафыстой ацы аз Цхинвалы Республикӕйы бон, 20 сентябры.
Амӕйразмӕ ратификацийы фӕдыл закон хорзыл банымадтой парламенты профилон комитет ӕмӕ президиумы рабадтыл.
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Италийы парламенты депутаттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2021
Хуссар Иры ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Италийы парламенты депутаттимӕ
Бадзырды нысан у ӕрнывыл кӕнын фарстытӕ, кӕцытӕ баст сты дывӕр ӕмбӕстагадимӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕн, афтӕ ма цӕмӕй РХИ ӕмбӕстӕгтӕ ӕнцондӕрӕй исой уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгад.
Бадзырдмӕ гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн бар ис райсын УФ ӕмбӕстагад хуссарирыстойнаг ма фесафгӕйӕ. Ӕбӕстӕгад райсыны уавӕртӕ, бавдисгӕ документтӕ ӕмӕ куырдиӕттӕм ӕркӕсыны фӕтк бӕрӕг кӕны Уӕрӕсейы Федерацийы президент.
Ног хабӕртты лентӕ
0