Транскамыл ис мит, фӕлӕ трассӕ кусы хуымӕтӕг режимы – Хуссар Иры УУМ

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам зимой
Транскам зимой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Транскамыл ныртӕккӕ уары мит, фӕлӕ трассӕ кусы штатон режимы, фехъусын кодтой Sputnik ӕртыццӕджы райсом Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады. Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, кӕцытӕр фадгуытыл фӕндаг у бырынцъаг, фӕлӕ зымӕгон резинӕ чи скодта, уыцы шофыртӕн тас нӕй.
"Кӕцыдӕр фадгуытыл трассӕ бамбӕрзта мит кӕнӕ фӕндаг у бырынцъаг. Фӕлӕ уӕзласӕн ӕмӕ рог хӕдтулгӕтӕ цӕуынц ӕнӕ цӕлхдуртӕй", - бафтыдта УУМ минӕвар.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0