Цхинвалы схорзӕхджын кӕндзысты музыкалон преми "Ӕрфӕны фӕд"-ы лауреатты

CC BY 2.0 / pixabay / Nickbar / Зарӕггӕнӕг
Зарӕггӕнӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2021
Рафыссын
Премийы аккаг скӕндзысты 30 адӕймаджы. Организатортӕ ныфс дӕттынц, мадзал кӕй суыдзӕн азы сӕйраг музыкалон цау
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы ацӕудзӕн ӕртыккаг телеуынынадон преми "Ӕрфӕны фӕд" раттыны цытджын церемони. Ӕвзонг вокалисттӕ ӕмӕ адӕмон артисттӕ, кӕцытӕ бахастой стыр хайбавӕрд музыкалон аивадмӕ, хорзӕхджын кӕндзысты мадзалы рӕстӕджы, фехъусын кодта Sputnik организатортӕй иу Козаты Дзерассӕ.
Премийы дӕттыны церемони алӕвӕрды хуызы равдисдзысты Ног азы къӕсӕрыл ПТРК "Ир"-ы эфиры.
"Уый уыдзӕн азы сӕйраг музыкалон мадзал. Цыт кӕндзыстӕм национ телеуынынады хъуыдымӕ гӕсгӕ хуыздӕр зарӕггӕнджытӕн. Уадзӕм ӕй ӕртыккаг хатт, ссис ӕрвылазон. Ацы хатт дзы уыдзӕн ахӕм артисттӕ, кӕцытӕ йӕ райсдзысты фыццаг хатт ӕмӕ ӕртыккаг хатт дӕр", - загъта Козаты Дзерассӕ.
Лауреатты нӕмттӕ нырма бӕрӕг не сты, фӕлӕ дзы сты куыд Цӕгат Ирыстонӕй, афтӕ Хуссар Ирыстоны зарӕггӕнджытӕ дӕр.
"Ис дзы сгуыхт артисттӕ ӕмӕ нырма ӕвӕлтӕрд зарӕггӕнджытӕ дӕр. Уыдзӕн дзы бирӕ премьерӕтӕ, фылдӕр бӕрцӕй сты мадӕлон ӕвзагыл", - бафтыдта организатор.
Мӕскуыйы фехъусын кодтой преми Булӕмӕргъ-ы лауреатты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.11.2021
Мӕскуыйы фехъусын кодтой преми "Булӕмӕргъ"-ы лауреатты
Цытджын церемонийы хорз зӕрдӕйы равг лӕвар кӕндзысты амонджыты дыууӕ къайы - паддзахадон театры артисттӕ ӕмӕ паддзахадон телеуынынады кусджытӕ - Хуриты Батрадз, Коцты Зӕринӕ, Мамиты Григорий ӕмӕ Хуыгаты Альбина.
Мадзалы организатортӕ сты паддзахадо телеуынады кусджытӕ Козаты Дзерассӕ, Бестауты Юля ӕмӕ Мамиты Григорий.
Ног хабӕртты лентӕ
0