Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Алексей КовалевСанэпидемстанци
Санэпидемстанци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны сбӕрӕг кодтой 31 ног рынчыны коронавирусон инфекцийӕ, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
"Нӕ лабораторийы фӕстаг суткӕ сарӕзтой 240 иртӕсты , уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 31. Ивгъуыд суткӕ ма медицинон хыгъдӕй систой 170 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 1057 пациенты", - загътой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 8824.
Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы ӕдӕппӕт пандемийы рæстæджы сарӕзтой 52 698 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, вирусӕй фӕрынчын сты 9881 адӕймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0