Цӕгат Иры сараздзысты туаггуыры завод

© Sputnik / Денис Абрамов /  Ахизын медиабанкмæТуаггуыр
Туаггуыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны декабры кӕрӕтты бавналдзысты туаггуыры заводы арӕзтадмӕ, кӕцыйы хъомыс уыдзӕн 12-14 тонны иу суткӕмӕ. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло регионы цӕрджытимӕ комкоммӕ линийы рӕстӕджы.
"Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, декабры кӕрӕтты мах бавналдзыстӕм туаггуыры заводы арӕзтадмӕ нӕ республикӕйы территорийыл, 12-14 тонны иу суткӕмӕ", - загъта Меняйло.
Республикӕйы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый у инвестицион арӕзтад. Сергей Менялйо бафтыдта, зӕгъгӕ, арӕзтады бынат ныридӕгӕн сбӕрӕг кодтой, инвестициты бӕрцуат зонынц. Нывӕзтмӕ гӕсгӕ, арӕзтад адарддӕр уыдзӕн ӕхсӕз мӕйы.
Регионы къухдариуӕгад 9 августы фехъусын кодта, Дзӕуджыхъӕуы тагъд ӕххуысы рынчындоны туаггуыры станцыл ӕрцыд авари. Уый фӕстиуӕгӕн амардысты фараст пациенты, иннӕ бон ма амардысты ноджы дыууӕйӕ. Медицинон уагдоны куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй уыцы дыууӕ адӕймагӕй иуы мӕлӕт баст нӕу аварийы фӕстиуджытимӕ, аннӕйы фӕдыл цӕуы экспертизӕ. Ацы цауы фӕдыл Фӕдагуырды комитет бакодта уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0