Цхинвалы администраци раргом кодта цӕрӕнуатмӕ рады лӕууӕг адӕмы номхыгъд

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæЦӕрӕнуат
Цӕрӕнуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы администраци раргом кодта цӕрӕнуат райсынмӕ радты лӕууӕг бинонты номхыгъдтӕ. Фатертӕ райсынмӕ претендентты нымӕц у 1469.
Горӕт Цхинвалы разамынадӕн традицион ссис фатертӕ уарыны размӕ радты лӕууӕг бинонты номхыгъдтӕ ныммыхуыр кӕнын. Уыцы хабар ӕхсӕнады сӕвзӕрын кӕны стыр дискусситӕ. Амӕй размӕ уый фӕрцы рабӕрӕг сты, социалон цӕрӕнуат кӕмӕ не мбӕлд, ахӕм адӕм радты.
"Ӕдӕппӕтӕй дзы ис 1469 адӕймаджы. Уыдон дих сты 16 категорийыл. Кӕцыдӕр категориты бынтон дӕр нӕй радты лӕуджытӕ. Иууыл фылдӕр сты, иумӕйаг бындурыл чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы цӕрӕнуатмӕ, уыдон", - загътой мэрияйы пресс-службӕйы.
Хуссар Ирыстоны столицӕйы ныридӕгӕн цӕуы цӕрӕнуаты арӕзтад Гуыбаты ӕфсымӕрты ӕмӕ Ирӕтты уынгтыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0