https://sputnik-ossetia.com/20211206/khauy-sa-kuynag-kanyn-znauyry-rayony-tsuanon-fekhsta-10-khaddag-kuydzy-14878951.html
Хъӕуы сӕ куынӕг кӕнын: Знауыры районы цуанон фехста 10 хъӕддаг куыдзы
Хъӕуы сӕ куынӕг кӕнын: Знауыры районы цуанон фехста 10 хъӕддаг куыдзы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы иу къуырийы мидӕг цуанон амардта 10 хъӕддаг куыдзы ӕмӕ цыппар рувасы. 06.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-06T10:29+0300
2021-12-06T10:29+0300
2021-12-06T11:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/06/14878700_0:53:1200:728_1920x0_80_0_0_2df2f7b255ec99676161fc82099a5d70.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы иу къуырийы мидӕг цуанон амардта 10 хъӕддаг куыдзы ӕмӕ цыппар рувасы.Уазал боныгъӕдтимӕ тугдзых сырдтӕ дӕр сӕхи ӕрӕввахс кӕнынц хъӕутӕм. Ӕрвыл зымӕг сӕ хӕлӕттаг фӕвӕййынц дунейы хӕдзарон фос. Тугдзых сырдты ӕхсты нывӕзт, кӕцымӕ гӕсгӕ зианхӕссӕг сырд амарӕгӕн лӕвӕрд цыд преми, республикӕйы балхынцъ. Фӕлӕ цуанонтӕ сырдтӕ ӕхсынц дарддӕр.Цуанон стӕры цӕуы ӕхсӕвыгон - уӕд сырдтӕ сӕхи ӕрӕввахс кӕнынц цӕрӕнуӕттӕм."Бирӕгътыл дӕр фембӕлдтӕн Цхинвалы районы Сау дзуармӕ хӕстӕг, фӕлӕ мын аирвӕзтысты", - бафтыдта Тасойты Дмитрий.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/06/14878700_0:0:1200:900_1920x0_80_0_0_7e76f4426d896166e1f9e37e31a06842.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хъӕуы сӕ куынӕг кӕнын: Знауыры районы цуанон фехста 10 хъӕддаг куыдзы
10:29 06.12.2021 (Ранӕуӕггонд: 11:00 06.12.2021) ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы иу къуырийы мидӕг цуанон амардта 10 хъӕддаг куыдзы ӕмӕ цыппар рувасы.
Уазал боныгъӕдтимӕ тугдзых сырдтӕ дӕр сӕхи ӕрӕввахс кӕнынц хъӕутӕм. Ӕрвыл зымӕг сӕ хӕлӕттаг фӕвӕййынц дунейы хӕдзарон фос. Тугдзых сырдты ӕхсты нывӕзт, кӕцымӕ гӕсгӕ зианхӕссӕг сырд амарӕгӕн лӕвӕрд цыд преми, республикӕйы балхынцъ. Фӕлӕ цуанонтӕ сырдтӕ ӕхсынц дарддӕр.
"Премитӕ нал дӕттынц, фӕлӕ сӕ куынӕг кӕнын хъӕуы, цӕмӕй ноджы ма сбирӕ уой. Ацы аз нырма фос нӕ бахордтой. Иу къуырийы дӕргъы фехстон 10 хъӕддаг куыдзы ӕмӕ цыппар рувасы, се 'ппӕт дӕр уыдысты хъӕугӕрон фӕндагыл - Уахтана, Убиат, Цъунар, Бехъмар ӕмӕ ӕндӕр хъӕуты", - радзырдта цуанон Тасойты Дмитрий.
Цуанон стӕры цӕуы ӕхсӕвыгон - уӕд сырдтӕ сӕхи ӕрӕввахс кӕнынц цӕрӕнуӕттӕм.
"Бирӕгътыл дӕр фембӕлдтӕн Цхинвалы районы Сау дзуармӕ хӕстӕг, фӕлӕ мын аирвӕзтысты", - бафтыдта Тасойты Дмитрий.