https://sputnik-ossetia.com/20211206/khussar-iry-sportsmenka-rambyldta-sygzarin-maydan-appatuaraseyon-erysty-lenk-kanynay-14879317.html
Хуссар Иры спортсменкӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй
Хуссар Иры спортсменкӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic"-ы дыккаг бон ӕрхаста хуссарирыстойнаг командӕйӕн сыгъзӕрин... 06.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-06T11:14+0300
2021-12-06T11:14+0300
2021-12-06T11:14+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1005/29/10052900_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_7de75a23787b10e441f6356cdd3e446e.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic"-ы дыккаг бон ӕрхаста хуссарирыстойнаг командӕйӕн сыгъзӕрин майдан. Уый тыххӕй Sputnik къуырисӕры райсом фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.Сабаты Уалыты Даяна ӕмӕ Бикъойты Анастасия райстой "ӕвзист" ӕмӕ "бронзӕ" 100 метры дистанцимӕ баттерфляйӕ ӕмӕ 200 метрмӕ "брассӕй".Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджыты командӕ ӕрыздӕхы хорзӕхтимӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ.Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic" уагъд цыдысты 4-5 декабры. Хайад дзы райстой командӕтӕ Уӕрӕсейы 21 регионӕй, афтӕ ма дыууӕ фӕсарӕйнаг командӕ, сӕ нымӕцы хуссарирыстойнаг.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1005/29/10052900_0:0:1440:1080_1920x0_80_0_0_fb0dd9565b8556c3647cdf572b19ca3d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры спортсменкӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic"-ы дыккаг бон ӕрхаста хуссарирыстойнаг командӕйӕн сыгъзӕрин майдан. Уый тыххӕй Sputnik къуырисӕры райсом фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.
"Хуыцаубоны, 5 декабры, уагъд цыд ерысты дыккаг бон. Уалыты Даяна, кӕцы сабаты бацахста дыккаг бынат 100 метры дистанцийыл баттерфляйӕ, ацы хатт райста сыгъзӕрин майдан 200 метры дистанцимӕ", - загъта федерацийы президент.
Сабаты Уалыты Даяна ӕмӕ Бикъойты Анастасия райстой "ӕвзист" ӕмӕ "бронзӕ" 100 метры дистанцимӕ баттерфляйӕ ӕмӕ 200 метрмӕ "брассӕй".
Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджыты командӕ ӕрыздӕхы хорзӕхтимӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ.
Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic" уагъд цыдысты 4-5 декабры. Хайад дзы райстой командӕтӕ Уӕрӕсейы 21 регионӕй, афтӕ ма дыууӕ фӕсарӕйнаг командӕ, сӕ нымӕцы хуссарирыстойнаг.