Хуссар Иры спортсменкӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй

© Комитет по молодёжной политике, спорту и туризму РЮОХуссар Иры спортсменкӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй.
Хуссар Иры спортсменкӕ рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕппӕтуӕрӕсейон ерысты ленк кӕнынӕй. - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 дек – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic"-ы дыккаг бон ӕрхаста хуссарирыстойнаг командӕйӕн сыгъзӕрин майдан. Уый тыххӕй Sputnik къуырисӕры райсом фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева.
"Хуыцаубоны, 5 декабры, уагъд цыд ерысты дыккаг бон. Уалыты Даяна, кӕцы сабаты бацахста дыккаг бынат 100 метры дистанцийыл баттерфляйӕ, ацы хатт райста сыгъзӕрин майдан 200 метры дистанцимӕ", - загъта федерацийы президент.
Сабаты Уалыты Даяна ӕмӕ Бикъойты Анастасия райстой "ӕвзист" ӕмӕ "бронзӕ" 100 метры дистанцимӕ баттерфляйӕ ӕмӕ 200 метрмӕ "брассӕй".
Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстоны ленкгӕнджыты командӕ ӕрыздӕхы хорзӕхтимӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ.
Ӕппӕтуӕрӕсейон ерыстӕ ленк кӕнынӕй "Mad Wave Classic" уагъд цыдысты 4-5 декабры. Хайад дзы райстой командӕтӕ Уӕрӕсейы 21 регионӕй, афтӕ ма дыууӕ фӕсарӕйнаг командӕ, сӕ нымӕцы хуссарирыстойнаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0