Дыгъуызты Тенгизы номарӕн фыццаг турнир шашкӕтӕй ацыд Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Наталья АйриянШашкӕтӕ
Шашкӕтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек - Sputnik. Зынгӕ ирон фыссӕг, журналист Дыгъуызты Тенгизы фыццаг номарӕн турнир шашкӕтӕй ацыд Дзӕуджыхъӕуы, хъусын кӕны 15-ӕм Регион.
Ерыстӕ цыдысты зылдон системӕмӕ гӕсгӕ, хъазджыты архайдӕн тӕрхон кодта тренер Коцты Шота.
"Уӕлахиздзау ссис спорты мастермӕ кандидат Годжысаты Хъазбег, кӕцы рамбылдта 22,5 очкойы. Дыккаг бынат 18,5 очкоимӕ райста Зӕгъойты Павел, ӕртыккаг бынаты хицау та бацис Цӕмӕхъаты Сослан (17 очко)", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Дыгъуызты Тенгиз 1959 азы райгуырд Хуссар Ирыстоны Сатихъары хъӕуы. Йе ‘мдзӕвгӕты фыццаг ӕмбырдгонд "Судз ме ‘стъалы" рацыд 1979 азы. Ис ын бирӕ куыстыӕ публицистикӕйы дӕр, фыссы культурӕ ӕм традицитыл, афтӕ ма Ирыстоны хуссар хайы ӕмӕ Абхазы ӕрцӕугӕ цаутыл. Дыгъуызты Тенгиз у Уæрæсейы фысджыты цæдисы ӕмӕ журналистты цæдисы уæнг, стӕй ма Уӕрӕсейы литературон ӕмӕхсӕнады регионалон хайады директор.
Ног хабӕртты лентӕ
0