Ног формат: Хуссар Иры ӕртыккаг хатт ацӕудзӕн хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"

© Пресс-служба президента РЮО"Бӕллицты фонтан"
Бӕллицты фонтан  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны сидзæр сабитæ, интернатты æмæ сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан" ӕртыккаг хатт ацӕудзӕн Цхинвалы. Ацы бонты райдайдзӕн проектыл куыст, фехъусын кодта мадзалы автор æмæ алæвæрды амонæг Хъуылымбегты Елена.
Проектмӕ хуынд цӕуынц Ленингоры сывæллæтты хæдзар, Дзауы скъола-интернат, Цхинвалы интернаты сывӕллӕттӕ, афтӕ ма уӕззау низтимӕ чи цӕры, уыдон.
"Бӕллицты фонтан ацӕудзӕн ныр ӕртыккаг хатт. Уагъд цӕуы 2017 азӕй фӕстӕмӕ - Бибылты Анатолийы президентӕй куы равзӕрстой, уӕд сцайдагъ кодтам ацы куыст. Фарон нӕ бантыст саразын, фӕлӕ ацы аз паддзахады разамонӕджы бафӕндыд, цӕмӕй сабитӕ ӕнӕлӕвар ма баззайой", - загъта Хъуылымбегты Елена.
Уый ма бафтыдта, организатортӕ кæй бацархайдзысты, цӕмӕй сабитӕ Митын Дадамӕ сӕ фыстӕджыты фыссой ӕмбӕлон куырдиæттӕ.

"Нӕ хъус дардзыстӕм, цӕмӕй Митын Дадатӕн сӕ бӕллицтӕ сӕххӕст кӕнын ма фӕзын уа", - бафтыдта автор.

Хъуылымбегты Елена ма радзырдта, ацы аз проекты кæй уыдзӕн ивындзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕ раргом кӕндзысты фӕстӕдӕр. Бӕрӕг уал у, ныр алӕвӕрд кæй цӕудзӕн ӕндӕр студийӕ.
Акци "Бӕллицты фонтан" ацӕудзӕн Паддзахадон телерадиокомпани "Ир"-ы эфиры.
Ног хабӕртты лентӕ
0