Цхинвалы азы кӕронмӕ сараздзысты сквер ӕмӕ сабиты фӕзуат

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы азы кӕронмӕ сараздзысты сквер ӕмӕ сабиты фӕзуат
Цхинвалы азы кӕронмӕ сараздзысты сквер ӕмӕ сабиты фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Гаглойты Хазбийы уынгыл сног кодтой улӕфӕн зонӕйы арӕзтад. Сывӕллӕтты хъазӕн фӕзуат чысыл скверимӕ сцӕттӕ уыдзӕн азы кӕронмӕ, фехъусын кодта Sputnik районы депутат Гаглойты Малхаз.
"Финансон проблемӕты тыххӕй арӕзтад ныффӕстиат ис, фӕлӕ ныридӕгӕн фарст лыг ӕрцыд ӕмӕ ӕввахс бонты арӕзтадон куыстытӕ сног уыдзысты", - загъта депутат.
Гаглойты Малхаз ма бафтыдта, улӕфӕн зонӕйы кӕй уыдзӕн сывӕллӕты фӕзуат ӕмӕ фӕлладуадзӕн бандӕттӕ. Сӕ ифтонгад дӕр у ӕлхӕд.
Цхинвалы фӕзуаты арӕзтад кӕй ныффӕстиат ис, уый тыххӕй фыст цыд социалон хызӕгты дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0