Цхинвалы ноджы æртæ скъолайы бакодтой карантин гриппы тыххæй

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæКарантин
Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.12.2021
Рафыссын
Ахуырады министрады банысан кодтой, зæгъгæ, боны дӕргъы уаврӕмӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис æмæ сӕхгӕной ноджы ӕндӕр ахуырадон уагдӕттӕ дæр
ЦХИНВАЛ, 7 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ноджы æртæ скъолайы 10 боны ӕмгъуыдмӕ бакодтой карантин. Ахуырады министрады Sputnik куыд радзырдтой, афтæмæй тобӕ аххӕссыд Цхинвалы фыццæгæм, иууæндӕсӕм æмæ скъола-интернатыл. Уыдоны карантин конд æрцыд санитарон уагдоны скъуыддзагмæ гæсгæ.
"Ахуырадон уагдӕтты гриппӕй рынчынты нымӕц ахызт контингенты 20 процентӕй, уымæ гæсгæ сæ бакодтой карантин", - загъта ахуырады министрады пресс-секретарь Плиты Яна.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, карантин аххӕсдзӕн 16 декабрьмӕ.
Плиты Яна ма бафтыдта, зæгъгæ, боны дӕргъы уаврӕмӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис æмæ сӕхгӕной ноджы ӕндӕр ахуырадон уагдӕттӕ дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0