Ӕрмӕст фӕсарӕйнаг бӕлас: Цхинвалы тобӕ сӕвӕрдтой наз калыныл

© Sputnik / Макс Ветров /  Ахизын медиабанкмæНаз бӕлас
Наз бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕ Цхинвалы балхӕнӕн уыдзӕн ӕрмӕст фӕсарӕнтӕй ласт удӕгас наз бӕлас, бынаты наз ракалын у тобӕгонд, фехъусын кодта Sputnik хъӕдын хӕдзарады хистӕр Чилӕхсаты Таймураз.
Удӕгас наз бӕлӕстӕ калын ныр цалдӕр аз у тобӕгонд, бынаты цы бӕлӕстӕ уӕй фӕцӕуынц ногазы хӕдразмӕ, уыдон ласт цӕуынц Цӕгат Кавказӕй. Удӕгас наз самал кӕнынӕн вӕййы раздӕры сӕны заводы бынаты.
"Назтӕ ракалын раздӕрау у тобӕгонд. Фӕдзӕхст чи фехала, уыдон цӕудзысты иваргонд. Хъӕдын хӕдзарад уӕлвӕткы хуызы бар радты ӕрмӕст скъолатӕн, скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕн, культурӕйы хайадтӕн, Сывӕллӕтты галуан ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕн удӕгас наз балас Хуссар Ирыстоны хъӕдты равзарын", - загъта уый.
Чилӕхсаты Таймураз ма бафтыдта, ацы бонты райдайдзысты рейдтӕ, цӕмӕй ма руадзой ӕнӕзакъонӕй бӕлӕстӕ калыны цаутӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0