Хуссар Иры пенсиисӕг бацис телефонон фӕливджыты амӕттаг

© PixabayСмартфон
Смартфон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 дек – Sputnik. Цхинвалы цӕрӕг баууӕндыд телефонон фӕливӕгыл ӕмӕ фесӕфта 20 мин сомы, хъусын кӕны республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады пресс-службӕ.
Хъусинагӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй зӕрдӕхсайгӕ - столицӕйы 40-аздзыд цӕрӕг - фӕдзырдта пенсиисӕгмӕ ӕмӕ дзы расайдта ӕхца.
"Уый 64-аздзыд пенсиисӕгӕй ракуырдта хӕс 20 мин сомы, зӕгъгӕ, йӕ хӕдтулгӕ цалцӕг кӕныны тыххӕй. Пенсиисӕг ӕхца радта ӕнӕзонгӕ таксистмӕ, кӕцыйы йӕм ӕрбарвыста фӕливӕг. Уый фӕстӕ лӕг йӕ хӕсджыны телефонмӕ никуыд уал бахауд - йӕ номыр уыд хицӕн", - радзырдтой пресс-службӕйы.
Уагдоны зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, уый кӕй у фыццаг куырдиат ацы аз телефонон фӕлывддзинады тыххӕй ӕмӕ банысан кодтой, зӕрдӕхсайгӕ нӕлгоймаджы ныхмӕ МХМ слестгӕнӕн управлени кӕй бакодта уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0