https://sputnik-ossetia.com/20211209/bekoyty-gennadiy-khussar-ir-ama-dar-praktikon-amarkhayd-khuama-rakhiza-ambalon-amvazadma-14916423.html
Бекъойты Геннадий: Хуссар Ир ӕмӕ ДАР практикон ӕмархайд хъуамӕ рахиза ӕмбӕлон ӕмвӕзадмӕ
Бекъойты Геннадий: Хуссар Ир ӕмӕ ДАР практикон ӕмархайд хъуамӕ рахиза ӕмбӕлон ӕмвӕзадмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр ӕрдзырдта Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) сӕргълӕууӕджы администрацийы разамонӕг Алексей... 09.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-09T17:40+0300
2021-12-09T17:40+0300
2021-12-09T17:40+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/06/16/12402098_0:0:2953:1662_1920x0_80_0_0_b12a411b542d27e450267e0fa2182f9a.jpg
ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр ӕрдзырдта Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) сӕргълӕууӕджы администрацийы разамонӕг Алексей Никиноровимӕ республикӕты хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийыл.РХИ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй видео-конференцийы режимы ӕхсӕнхицауадон рабадты хайад райстой дыууӕ республикӕйы хицауӕдтӕ ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты уӕнгтӕ. Фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийыл базарад, экономикӕ, культурӕ, спорт ӕмӕ туризмы къабазы."Нӕ республикӕты сӕргълӕуджыты фӕдзӕхстӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы практикон ӕмархайд хъуамӕ рахиза ног ӕмвӕзадмӕ. Ныридӕгӕн ӕмархайдыл бирӕ куыст цыд, сӕйраджыдӕр, бадзырды реализацийы фӕндагон картӕ саразыны фӕдыл, цы ран нысангонд сты дырыс мадзӕлттӕ", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.Александр Никиноров равдыста ӕмгуыстадмӕ цӕттӕдзинад ӕмӕ фӕхуыдта Хуссар Ирыстоны хицауадон делегацийы фембӕлын ДАР столицӕйы экономикон форумыл, кӕцы нывонд у Уӕрӕсейы базарадон-экономикон ӕмархайдӕн йӕ партнертимӕ.Рабадты рӕстӕджы банысан кодтой, дыууӕ республикӕйы дипломатон минӕварадтӕ бакӕнын ӕмӕ ӕхсӕнуагдонон бадзырдтыл куыст кӕй райдыдта РХИ ӕмӕ ДАР хицауӕдты.
https://sputnik-ossetia.com/20200609/Khussar-Iry-parlament-sratifikatsi-kodta-Luganskim-badzyrd-ulvtkon-tsauty-fdyl-10699901.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/06/16/12402098_222:0:2953:2048_1920x0_80_0_0_653caa10b42e5d215d97c95f6f47e95b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Бекъойты Геннадий: Хуссар Ир ӕмӕ ДАР практикон ӕмархайд хъуамӕ рахиза ӕмбӕлон ӕмвӕзадмӕ
ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр ӕрдзырдта Донецкы Адӕмон Республикӕйы (ДАР) сӕргълӕууӕджы администрацийы разамонӕг Алексей Никиноровимӕ республикӕты хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийыл.
РХИ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй видео-конференцийы режимы ӕхсӕнхицауадон рабадты хайад райстой дыууӕ республикӕйы хицауӕдтӕ ӕмӕ базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты уӕнгтӕ. Фарсытӕ ӕрдзырдтой дыууӕ бӕстӕйы хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды реализацийыл базарад, экономикӕ, культурӕ, спорт ӕмӕ туризмы къабазы.
"Нӕ республикӕты сӕргълӕуджыты фӕдзӕхстӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Донецкы Адӕмон Республикӕйы практикон ӕмархайд хъуамӕ рахиза ног ӕмвӕзадмӕ. Ныридӕгӕн ӕмархайдыл бирӕ куыст цыд, сӕйраджыдӕр, бадзырды реализацийы фӕндагон картӕ саразыны фӕдыл, цы ран нысангонд сты дырыс мадзӕлттӕ", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.
Александр Никиноров равдыста ӕмгуыстадмӕ цӕттӕдзинад ӕмӕ фӕхуыдта Хуссар Ирыстоны хицауадон делегацийы фембӕлын ДАР столицӕйы экономикон форумыл, кӕцы нывонд у Уӕрӕсейы базарадон-экономикон ӕмархайдӕн йӕ партнертимӕ.
Рабадты рӕстӕджы банысан кодтой, дыууӕ республикӕйы дипломатон минӕварадтӕ бакӕнын ӕмӕ ӕхсӕнуагдонон бадзырдтыл куыст кӕй райдыдта РХИ ӕмӕ ДАР хицауӕдты.