Президент раарфӕ кодта депутаттӕн Хуссар Иры парламенты сӕвзӕрды боны цытӕн

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 дек - Sputnik. Парезидент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта спикер ӕмӕ депутаттӕн Хуссарирыстойнаг парламентаризмы боны цытӕн. 1990 азы 9 декабры ӕппӕтадӕмон хъӕлӕсӕппӕрст сфидар кодта Уӕлдӕр Советы арӕзтад, уый та ссис республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон царды ахсджиаг цау, банысан кодта Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг.
"Уӕлдӕр закондӕттӕн орган арӕзт цыд бӕстӕйӕн уӕззау рӕстӕджы. Фӕнды мӕ рахицӕн кӕнын 1-аг ӕрсидты депутатты куыст. Фыццаг парламентариты раз лӕууыд ахсджиаг хӕс - нормативон-барадон базӕ саразын, кӕцы здӕхт уыдаид политикон ӕмӕ социалон-экономикон проблемӕтӕ скъуыддзаг кӕнынмӕ. Уыдон удуӕлдай куыст ӕмӕ патриотизмы фӕрцы ист ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны бындурӕвӕрдӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг документтӕ", - дзырдӕуы президенты арфӕйы.
Бибылты Анатолий банысан кодта, зӕгъгӕ, ныр дӕр Хуссар Ирыстоны депутаттӕ, фыццаг ӕрсидты коллегӕтӕй дӕнцӕг исгӕйӕ, хъуамӕ сӕхи сӕрмагонд интерестӕй бӕрзонддӕр ӕвӕрой республикӕйы хӕрзӕбонӕн куыст ӕмӕ Законы уӕлидзинад ӕмӕ сӕ архӕйдтыты къухдариуӕгад кӕной Конституцийы уагӕвӕрдтӕй.
Хуссар Ирыстоны закондӕттӕн органы - уӕды Уӕлдӕр Советы - сконды уыдысты 62 депутаты. Йӕ фыццаг сӕрдарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Хъуылымбегты Торез, йӕ хӕдивӕгӕй та - Цоциты Алан.
Ног хабӕртты лентӕ
0