Сывӕллӕтты футболон командӕ "Барсалан" Хуссар Ирӕй хайад райсдзӕн турниры Мӕскуыйы

Барсалан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны командӕ "Барсалан" хайад райсдзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон сывӕллӕтты футболон турниры "Мемориал Василия Кулькова". Футболистты тренер Хъазиты Алан куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕйӕ ерыстӕ, кӕцытӕ нывонд сты советон ӕмӕ уӕрӕсейаг футболист Василий Кульковӕн, ацӕудзысты Мӕскуыйы спортивон центр "Спартак"-ы 13-ӕй 17-ӕм декабрмӕ.
ФК Барсалан Хуссар Ирӕй ссис Hopes Cup 2021 турниры ӕвзист призер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2021
ФК "Барсалан" Хуссар Ирӕй ссис Hopes Cup 2021 турниры ӕвзист призер
"Фыццаг хъазт ацӕудзӕн къуырисӕры сывӕллӕтты футболон командӕ "СКА-Хабаровск"-имӕ, дыккаг та – "ЦСКА Москва"-имӕ", - загъта тренер ӕмӕ бафтыдта, хуссарирыстойнаг ӕмбырдгонды кӕй хъаздзысты 2011 азы гуырд сывӕллӕттӕ.
Турниры хайад райсдзысты 16 командӕйы, сӕ нымӕцы цӕгатирыстойнаг "Спартак-Алания".
Амӕйразмӕ командӕ "Барсалан" хайад райста егъау футболон турнир "Hopes Cup"-ы, цы ран Хъазиты Аланы хъомылгӕнинӕгтӕ бацахстой дыккаг бынат.
Ног хабӕртты лентӕ
0