Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад: медиктӕ райсдзысты "ковидон" фиддонтӕ азы кӕронмӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны медицинон кусджытӕ райсдзысты коронавирусимӕ тохы тыххӕй фиддонтӕ азы кӕронмӕ, загъта Sputnik ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Амӕйразмӕ медиктӕ равдыстой сӕ нӕразыдзинад, ныры онг кӕй нӕ райстой сӕ фиддонтӕ, уый фӕдыл.
"Уавӕрмӕ йӕ хъус дары ӕрмӕст Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад нӕ, фӕлӕ ма республикӕйы къухдариуӕгад дӕр. Ӕмбӕлон фиддонтӕ ӕххӕст бӕрцуатӕй медиктӕ райсдзысты азы кӕронмӕ", - загъта Наниты Сослан.
Декабры райдайӕны парламент сфидар кодта ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ, кӕцытӕм гӕсгӕ рахицӕн кодтой фӕрӕзтӕ медиктӕн фиддонтӕн. Финансты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Тыбылты Фатимӕ куыд банысан кодта депутаттӕн, афтӕмӕй медиктӕ райсдзысты фиддонтӕ ацы азы август ӕмӕ сентябрӕн. Уый ма бахахх кодта, ӕндӕр куырдиат сӕм кӕй нӕ ӕрбацыд Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадӕй.
Сӕрмагонд фиддонтӕ медицинон кусджытӕн коронавирусӕй рынчынтӕн хос кӕныны тыххӕй снысан кодтой фарон сӕрды. Ноябры республикӕйы хицауад бахаста ивындзинӕдтӕ коронавирусимӕ тох кӕныны тыххӕй медицинон кусджытӕн сӕрмагонд ӕххуыс бакӕныны фӕдыл уынаффӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0