Композитор ӕмӕ музыкант Макоты Ацӕмӕз ралӕудзӕн камерон музыкӕйы фестивалы Мӕскуыйы

© Sputnik / Наталья АйриянАцамаз Макоев
Ацамаз Макоев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik, Къӕбысты Анна. Зындгонд ирон музыкант, Цӕгат Ирыстоны композиторты цӕдисы сӕрдар Паддзахадон филармонийы аивадон къухдариуӕггӕнӕг ӕмӕ директор Макоты Ацӕмӕз республикӕйы культурон кад хъахъхъӕндзӕн камерон музыкӕйы фестивалы Мӕскуыйы.
Мадзал ацӕудзӕн Мӕскуыйаг консерваторийы Рахманиновы залы майрӕмбоны, 10 декабры, 19.00 сахатыл.
"Фестивалы хайад райсдзынӕн фыццаг хатт. Айзӕлдзысты дзы уацмыстӕ "Ноктюрн", "Мимолетность", хицӕн периодты пьесӕтӕ - "Волшебное утро", "Ритуальный танец", "Вальс", "Минуэт", спектакльтӕй "Шут Балкирев", "Блуждающие огоньки", "Юмореска", "Посвящение". Мадзалы кӕронбӕттӕны та сӕххӕст кӕндзӕн ног уацмыс "Дождь, Париж, Шопен", - радзырдта Sputnik музыкант.
Фестиваль цӕудзӕн 11 декабры онг, хайад дзы исынц 46 композиторы бӕстмйы 13 регионӕй.
Мадзал уагъд цӕуы Уӕрӕсейы Федерацийы культурӕйы министрады ӕххуысӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0