Хуссар Иры иу суткӕмӕ хыгъдӕй систой 100 рынчыны коронавирусӕй – Югосетпотребнадзор

© Sputnik / Natalia AiriyanКоронавирус Хуссар Иры
Коронавирус Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 13 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 27 ног рынчыны коргнавирусӕй, фехъусын кодтой Sputnik Югосетпотребнадзоры.
Улӕфт бонты санитарон уагдоны лабораторийы коронавирусы фӕдыл тесттӕ нӕ сарӕзтой, къуырисӕры иртӕстты фӕстиуджытӕ та бӕрӕг уыдзысты дыццӕджы.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтой 224 иртӕсты , уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 27. Майрӕмбоны ма медицинон хыгъдӕй систой 100 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 185 пациенты", - загътой уагдоны.
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ COVID-19-ӕй сӕнӕнизуӕвӕг пациентты иумӕйаг нымӕц у 9879. Санитарон уагдоны ПЦР-лабораторийы ӕппӕт ацы рӕстӕджы сарӕзтӕуыд 57 752 иртӕсты, уыдон бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирус бахӕцыд 10 064 адӕймагыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0