Хуссар Иры фӕзындзӕн фадат райсын цӕрӕнуат ӕмгъуыдгай фиддӕнӕй

© Sputnik / Нина Зотина /  Ахизын медиабанкмæИпотека
Ипотека  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны парламент фӕнд кӕны бахӕссын ивындзинӕдтӕ цӕрӕнуатон политикӕйы фӕдыл закъонмӕ, кӕцы ист ӕрцыд 2012 азы. Ногдзинӕдтӕ фадат ратдзысты тыхст бинонтӕн цӕрӕнуат райсын ӕмгъуыдгай фиддӕнӕй, фехъусын кодта Sputnik парламенты сӕудӕджерад, бастдзинад, транспорт ӕмӕ ӕрдзон ресурсты комитеты разамонӕг Ӕлборты Алан.

"Уый у тынг ахсджиаг закон республикӕйӕн, йӕ размӕцыд ӕмӕ демографийӕн. Комитет ӕнгом кусы хицауадимӕ, горӕты цӕрӕнуатон къамисимӕ, кӕцы архайдзӕн закъонӕй", - загъта Ӕлборты Алан.

Ног уавӕрты цӕрӕнуат райсын сӕ бон уыдзӕн радты чи лӕууы, уыдон нымӕцӕй рахизын кӕй фӕнды, уыдонӕн.
Цхинвалы Хъайтарты уынгыл ног хӕдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.01.2019
Цхинвалы сӕдӕ бинонтӕй фылдӕр тагъд райсдзысты ног фатертӕ
"Уыдонӕн фадат уыдзӕн рахизын цӕрӕнуаттӕм радтӕй ӕмӕ райсын хӕдзар ӕмгъуыдгай фиддӕнӕй. Сӕ бон уыдзӕн бацӕуын хӕдзармӕ ӕмӕ йын йӕ аргъ цадӕггай фидын", - бафтыдта уый.
Уыимӕ иумӕ ма цӕттӕ цӕуы ноджы иу закъоны проект, кӕцымӕ гӕсгӕ ӕххуырст хӕдзар фӕстӕдӕр бацӕуа исады нымӕцмӕ.

"Закъоныл нырма куыст цӕуы. Инвестицион нывӕзтмӕ гӕсгӕ цӕрӕнуаты квадратон метр цӕуы 47 мин столицӕйы. Уый нӕ цӕрджытӕн стыр аргъ у. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнд кӕнынц фӕкъаддӕр кӕнын дыууӕ хатты. Йӕ ӕмгъуыд та уыдзӕн дӕс азы", - загъта Ӕлборты Алан.

Астӕуккаг нымадмӕ гӕсӕ, фиддонты бӕрц мӕй цӕуы 15 мины онг.
Кӕронмӕ нырма скъуыддзаг нӕу иу адӕймагмӕ цал квадратон метры ӕмбӕлы, уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0