https://sputnik-ossetia.com/20211215/khussar-iry-mkhm-fatykhdzhyndar-kandzan-akhsanadon-fatkma-khusdard-nogazon-baragbonty-14962759.html
Хуссар Иры МХМ фӕтыхджындӕр кӕндзӕн ӕхсӕнадон фӕткмӕ хъусдард ногазон бӕрӕгбонты
Хуссар Иры МХМ фӕтыхджындӕр кӕндзӕн ӕхсӕнадон фӕткмӕ хъусдард ногазон бӕрӕгбонты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты 30 декабрӕй ракӕндзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ... 15.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-15T15:11+0300
2021-12-15T15:11+0300
2021-12-15T15:11+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1000/95/10009516_165:452:2199:1596_1920x0_80_0_0_6985a9abd0821d9067d73c22c4670375.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты 30 декабрӕй ракӕндзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Уый тыххӕй Sputnik пресс-конференцийыл ӕртыццӕджы радзырдта МХМ ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕныны дӕлхайады хистӕр Гаглойты Маир.Пресс-конференцийы ма хайад райстой Уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕдивӕг Санахъоты Руслан ӕмӕ сывӕллӕтты поликлиникӕйы разамонӕг, республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Лариса. Спикертӕ радзырдтой журналисттӕн, цы ӕххуыс бакӕндзысты специалисттӕ куы бахъӕуа, уӕд, афтӕ ма ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы профилактикон мадзӕлттыл скъоладзаутӕн ӕмӕ студенттӕн."Ацы бонты уагъд цӕуы фӕткхӕлдтӕ ма руадзыны фӕдыл куыст. Нӕ кусджытӕ хизынц куысты фӕтыхджындӕргонд режиммӕ", - загъта Гаглойты Маир.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, массон мадзӕлтты бынӕтты тыхон структурӕтӕ уадзынц саперон разысгӕрст.Уымӕй дарддӕр уагдоны кусджытӕ ӕрвыл суткӕ хъахъхъӕнынц республикӕйы сӕйраг наз бӕлас Театралон фӕзуатыл.
https://sputnik-ossetia.com/20211210/tskhinvaly-skoladzautan-radzyrdtoy-pirotekhnikaya-payda-kanyny-fatkta-14921235.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1000/95/10009516_0:0:2729:2047_1920x0_80_0_0_7d8b580481715ef823e5f95bca23a702.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры МХМ фӕтыхджындӕр кӕндзӕн ӕхсӕнадон фӕткмӕ хъусдард ногазон бӕрӕгбонты
ЦХИНВАЛ, 15 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) кусджыты 30 декабрӕй ракӕндзысты службӕйы фӕтыхджындӕргонд режиммӕ. Уый тыххӕй Sputnik пресс-конференцийыл ӕртыццӕджы радзырдта МХМ ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕныны дӕлхайады хистӕр Гаглойты Маир.
Пресс-конференцийы ма хайад райстой Уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕдивӕг Санахъоты Руслан ӕмӕ сывӕллӕтты поликлиникӕйы разамонӕг, республикӕйы сӕйраг педиатр Хӕныкъаты Лариса. Спикертӕ радзырдтой журналисттӕн, цы ӕххуыс бакӕндзысты специалисттӕ куы бахъӕуа, уӕд, афтӕ ма ногазон бӕрӕгбонты рӕстӕджы профилактикон мадзӕлттыл скъоладзаутӕн ӕмӕ студенттӕн.
"Ацы бонты уагъд цӕуы фӕткхӕлдтӕ ма руадзыны фӕдыл куыст. Нӕ кусджытӕ хизынц куысты фӕтыхджындӕргонд режиммӕ", - загъта Гаглойты Маир.
"Фӕтыхджындӕр кӕнынц стационарон посттӕ ӕмӕ паддзахадон нысаниуӕджы объекттӕ, афтӕ ма фӕфылдӕр кӕнынц патрулон экипажтӕ. Кӕд нӕм ныр горӕты вӕййы ӕртӕ патрулон экипажы, уӕд бӕрӕгбонон бонты та 9-12", - банысан кодта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, массон мадзӕлтты бынӕтты тыхон структурӕтӕ уадзынц саперон разысгӕрст.
Уымӕй дарддӕр уагдоны кусджытӕ ӕрвыл суткӕ хъахъхъӕнынц республикӕйы сӕйраг наз бӕлас Театралон фӕзуатыл.