Цхинвалы Абайты Уасойы райгуырӕн бон банысан кӕндзысты йӕ чингуыты презентацийӕ

© Photo : Из личного архива Тамары ШавлоховойУасо
Уасо - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 15 дек — Sputnik. Плиты Фатимæ. Цхинвалы абон ӕхсӕнадӕн бавдисдзысты гениалон ирон ахуыргонд, ӕвзагзонӕг, этимолог æмæ профессор Абайты Уасойы куыстыты ӕмбырдгонд ӕмӕ номдзыд ахуыргӕндтӕ уый тыххӕй цы фыстой, уыдон. Рауагъд "Уасойы фарн" рацыд ӕртӕ томӕй ӕмӕ цыппар чиныгӕй. Презентаци æрæмных кодтой генийы райгуырæн бонмæ - Абайты Уасо райгуырд 1900 азы 15 декабры (2 декабры).
Уыдонӕй фӕстаг том иууылдӕр конд у Васойы тыххӕй мысинӕгтӕй, ӕмдзӕвгӕтӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕрмӕгӕй.
Рауагъд ӕрӕмбырд кӕныны хӕс йӕхимӕ райста номдзыд ахуыргонды ахуыргӕнинаг, ХИПУ-йы профессор Битарты Зоя. Уый авд мӕй иууылдӕр снывод кодта ацы куыстӕн.

"Карантин радта рӕстӕг ӕмӕ ӕхсӕвӕй бонмӕ куыстон. Баххуыс мын кодта Цӕгат Ирæй национ библиотекӕйӕ кусæг ӕвзонг чызг. Чиныг арвыстон музейтӕн, библиотекӕтӕ ӕмӕ скъолатӕн. Уый у ныхас Уасойы тыххӕй, куыд ахуыргонд, куыд удгоймаг, ис дзы мысинӕгтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ", - загъта Битарты Зоя.

Чынгуыты рауагъд фӕахъаз уыдзӕн фӕсивӕдӕн, æзаджы æмæ историйы ахуыргæнæгæн. Йӕ бынтӕ иу рауагъды уыдзысты.
"Кӕмӕдӕр фантазиау фӕкӕсдзӕн, фӕлӕ Уасо Хуыцауы ӕрвыст уыд Ирыстонӕн. Уымӕн цӕй бӕрц бантыст, уый саразын дыууӕ институтӕн дӕр нӕ бантыстаид. Йӕ историон этимологон дзырдуатӕй уый ирон ӕвзаг ӕнӕхъӕн дунейы ӕвзӕгтӕй бӕрзонддӕр систа", - бафтыдта уый.
Презентаци ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасӕн институты Цхинвалы.
Ног хабӕртты лентӕ
0