Хуссар Иры столицӕйы фӕуд кӕны ӕгъау спортивон залы арӕзтад

© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры столицӕйы фӕуыд кӕны ӕгъау спортивон зады арӕзтад
Хуссар Иры столицӕйы фӕуыд кӕны ӕгъау спортивон зады арӕзтад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 дек — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Гафезы уынгыл арӕзт цӕуы егъау спортивон зал, цы ран сӕ бон уыдзӕн сӕ физикон цӕттӕдзинад фидар кӕнын сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн дӕр.
Уынджы цӕрӕг Хъуылымбегты Еленайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, арӕзтад цӕуы районы фӕсивӕды хъӕппӕрисӕй ӕмӕ паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий финансон ӕххуысӕй.

"Фыццаг фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кодтой фӕсивӕд сӕхӕдӕг, стӕй сын егъау ӕххуыс бакодта президент Бибылты Анатолий. Ам спортивон зал рагӕй нӕ уыд, фӕсивӕд цыдысты ӕндӕр районтӕм. Сосӕ фӕндаг нӕм куы сарӕзтой, уый фӕстӕ залы фӕзынд уыдзӕн дыккаг бӕрӕгбонау", - загъта чызг.

Уый ма бафтыдта, фӕсивӕд фӕнд кӕнынц азы кӕронмӕ арӕзтад балхынцъ кӕнын.
© Sputnik / Фатима ПлиеваХуссар Иры столицӕйы фӕуыд кӕны ӕгъау спортивон зады арӕзтад
Гафез стройка спортзала - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.12.2021
Хуссар Иры столицӕйы фӕуыд кӕны ӕгъау спортивон зады арӕзтад
"Ныридӕгӕн финансон фӕрӕзтӕй цухдзинад ӕвзарынц, фӕлӕ йӕ хъӕуы агъуысты бын фӕкӕнын. Стӕй уый фӕстӕ та райдайдзӕн ифтонгад амал кӕныны куыст", - балхынцъ кодта уынджы цӕрӕг.
Гафезы уынг ӕвӕрд у столицӕйы хуссар кӕрон.
Ног хабӕртты лентӕ
0