Сырх Дзуары комитет радта Югосетпотребнадзорӕн ифтонггарз ПЦР-лабораторийӕн

© Photo : Пресс-служба МКККСырх Дзуары комитет радта Югосетпотребнадзорӕн ифтонггарз ПЦР-лабораторийӕн
Сырх Дзуары комитет радта Югосетпотребнадзорӕн ифтонггарз ПЦР-лабораторийӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитет цыппӕрӕмы радта Югосетпотребнадзорӕн уӕлӕмхасӕн ифтонггарз ПЦР-лабораториты куыстӕн.
"Уаргъы, кӕцы сарӕзтой Хуссар Ирыстоны санитарон-эпидемиологион службӕйы куырдиатӕй, ис уӕлдӕфы рециркулятортӕ, штативтӕ пробиркӕтӕн ӕмӕ ӕнӕкъуылымпы электроифтонгады ӕрмӕг", - фехъусын кодта Sputnik организацийы ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕты фӕдыл специалист Тедеты Марина.
Амйӕразмӕ Сырх Дзуар радта Югосетпотребнадзорӕн сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзты парти, кӕцыйы аргъ уыд 1,2 милуан сомӕй фылдӕр.
Комитеты банысан кодтой, пандемийы райдайӕнӕй Сырх Дзуарӕн ис бастдзинад ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ санитарон-эпидемиологион структурӕтимӕ, цӕмӕй ӕххуыс кӕной коронавирусимӕ тохӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0