Цхинвайлаг теннисисткӕ ссис Мӕскуыйы XXXIV-ӕм хъӕзтыты ӕвзист призер

© Sputnik / Елбачиты Иринайы архивæй къам Елбачиты Ирина
 Елбачиты Ирина  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг теннисисткӕ Елбачиты Ирина Уӕрӕсейы национ иртасӕн институт "Высшая школа экономики"-йы сконды сис Мӕскуы XXXIV-ӕм хъӕзтыты ӕвзист призер, фехъусын кодтой фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты.
Елбачиты Ирина у Хуссар Ирыстоны уӕлыстол теннисы скъолайы хъомылгӕнинаг. Скъолайы фӕуды фӕстӕ ссис "Высшая школа экономики"-йы студенткӕ ӕмӕ ахуырадон уагдоны командӕйы сконды адарддӕр кодта йӕ спортивон карьерӕ.
"Ацы аз хорз стох кодтам. Ӕрмӕст финалы фӕхӕрд стӕм аккаг командӕйӕн, кӕцыйы сконды архайдтой спорты мастертӕ. Фӕлӕ уыдонимӕ дӕр ӕмсӕр тох кодтам, нӕ тренер нӕ у райгонд",- хъусын кӕны уагдон спортсменкӕйы ныхӕстӕ.
Хуссар Ирыстоны теннисисткӕ нымад цӕуы йӕ командӕйы лидерыл. Йӕ сконды хъазы ныр фондз азы дӕргъы, ахуырмӕ куы бацыд 2016 азы, уӕдӕй фӕстӕмӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0