https://sputnik-ossetia.com/20211217/barsalanta-khussar-iray-rambyldtoy-sankt-peterburdzhy-komandayy-14978305.html
"Барсалантӕ" Хуссар Ирӕй рамбылдтой Санкт-Петербурджы командӕйы
"Барсалантӕ" Хуссар Ирӕй рамбылдтой Санкт-Петербурджы командӕйы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты футболон командӕ "Барсалан" фӕуӕлахиз Санкт-Петербургаг "Лидер"-ыл Мӕскуыйы турниры... 17.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-17T14:44+0300
2021-12-17T14:44+0300
2021-12-17T14:44+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/11/14976427_0:0:2560:1440_1920x0_80_0_0_28baced4edcc7bc3b8b1d461f6245ffa.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты футболон командӕ "Барсалан" фӕуӕлахиз Санкт-Петербургаг "Лидер"-ыл Мӕскуыйы турниры, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Хъазиты Алан.Ерыстӕ, кӕцытӕ нывонд сты советон ӕмӕ уӕрӕсейаг футболист Василий Кульковӕн, цӕуынц Мӕскуыйы спортивон центр "Спартак"-ы 13-ӕй 17-ӕм декабрмӕ. Уый размӕ хуссарирыстойнаг футболисттӕ рамбылдтой командӕ "СКА – Хабаровск" 3:0 хыгъдӕй ӕмӕ Ural Lions футболистты."Фембӕлд ацыд "Лидер"-имӕ, ӕмӕ мах рамбылдтам пенальтитӕй. Хъыгагӕн, дыууӕ хъазты командӕ "Спартак-Москва" ӕмӕ "ЦСКА"-имӕ мах фембылд стӕм. Фӕстаг хъазт фӕндзӕм бынатыл ацӕудзӕн абон Санкт-Петербургаг "Звезда"-имӕ", - банысан кодта футболистты тренер.Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды архайынц 2011 азы гуырд сывӕллӕттӕ. Турниры ӕдӕппӕт хайад исынц 16 командӕйы, сӕ нымӕцы цӕгатирыстойнаг "Спартак-Алания". Амӕйразмӕ командӕ "Барсалан" хайад райста егъау футболон турнир "Hopes Cup"-ы, цы ран Хъазиты Аланы хъомылгӕнинӕгтӕ бацахстой дыккаг бынат.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/11/14976427_284:0:2560:1707_1920x0_80_0_0_4b5d7b4cd393a693df69da874ea522b4.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны сывӕллӕтты футболон командӕ "Барсалан" фӕуӕлахиз Санкт-Петербургаг "Лидер"-ыл Мӕскуыйы турниры, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Хъазиты Алан.
Ерыстӕ, кӕцытӕ нывонд сты советон ӕмӕ уӕрӕсейаг футболист Василий Кульковӕн, цӕуынц Мӕскуыйы спортивон центр "Спартак"-ы 13-ӕй 17-ӕм декабрмӕ. Уый размӕ хуссарирыстойнаг футболисттӕ рамбылдтой командӕ "СКА – Хабаровск" 3:0 хыгъдӕй ӕмӕ Ural Lions футболистты.
"Фембӕлд ацыд "Лидер"-имӕ, ӕмӕ мах рамбылдтам пенальтитӕй. Хъыгагӕн, дыууӕ хъазты командӕ "Спартак-Москва" ӕмӕ "ЦСКА"-имӕ мах фембылд стӕм. Фӕстаг хъазт фӕндзӕм бынатыл ацӕудзӕн абон Санкт-Петербургаг "Звезда"-имӕ", - банысан кодта футболистты тренер.
Хуссар Ирыстоны командӕйы сконды архайынц 2011 азы гуырд сывӕллӕттӕ. Турниры ӕдӕппӕт хайад исынц 16 командӕйы, сӕ нымӕцы цӕгатирыстойнаг "Спартак-Алания". Амӕйразмӕ командӕ "Барсалан" хайад райста егъау футболон турнир "Hopes Cup"-ы, цы ран Хъазиты Аланы хъомылгӕнинӕгтӕ бацахстой дыккаг бынат.