https://sputnik-ossetia.com/20211220/khussar-iry-shakhmatistta-rambyldtoy-akhsaz-maydan-dzaudzhykhauy-14996691.html
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз майданы Дзӕуджыхъӕуы
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз майданы Дзӕуджыхъӕуы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз призон бынаты Цӕгат Ирыстоны турниры, уыдонӕй дыууӕйӕ ссисты... 20.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-20T13:04+0300
2021-12-20T13:04+0300
2021-12-20T14:38+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/14/14993874_0:88:1500:932_1920x0_80_0_0_dc847da07d98035f5b560527f46e2490.jpg
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз призон бынаты Цӕгат Ирыстоны турниры, уыдонӕй дыууӕйӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ, радзырдта Sputnik спортсменты тренер, шахматты Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.Ерыстӕ цыдысты Дзӕуджыхъӕуы горӕты скъолатӕй иуы 18 декабры. Организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны Шахматты федераци ӕмӕ Ногдзауты галуан.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй дзы ӕдӕппӕт архайдта 15 сывӕллоны , се 'рдӕг хай ӕрӕздӕхтысты майдантимӕ , ноджы ӕртӕйӕ та растой спортивон разрядтӕ - Липчанский Фёдор, Бӕззаты Константин ӕмӕ Джиоты Габриел.Хуссар Ирыстоны кад ерысты хъахъхъӕдтой шахматты скъола "Белая Ладья"-йы ахуыргӕнинӕгтӕ. Ивгъуыд аз уыдон хайад райстой РЦИ-Аланийы турниры ӕмӕ сын уӕд дӕр уыд хорз хатдзӕгтӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/14/14993874_70:0:1430:1020_1920x0_80_0_0_01b0706b2554f71c3181e5bc7fd19a96.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз майданы Дзӕуджыхъӕуы
13:04 20.12.2021 (Ранӕуӕггонд: 14:38 20.12.2021) ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ӕвзонг шахматисттӕ рамбылдтой ӕхсӕз призон бынаты Цӕгат Ирыстоны турниры, уыдонӕй дыууӕйӕ ссисты уӕлахиздзаутӕ, радзырдта Sputnik спортсменты тренер, шахматты Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.
Ерыстӕ цыдысты Дзӕуджыхъӕуы горӕты скъолатӕй иуы 18 декабры. Организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны Шахматты федераци ӕмӕ Ногдзауты галуан.
"Уӕлахиздзаутӕ ссисты Коцты Юрий ӕмӕ Тыбылты Анна. Дыккаг призертӕ - Джыгкайты Артур ӕмӕ Мчедлидзе Алекс, ӕртыккаг бынӕттыл ацыдысты Бестауты Батрадз ӕмӕ Мӕргъиты Дауыт",- радзырдты Саулохты Георгий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстонӕй дзы ӕдӕппӕт архайдта 15 сывӕллоны , се 'рдӕг хай ӕрӕздӕхтысты майдантимӕ , ноджы ӕртӕйӕ та растой спортивон разрядтӕ - Липчанский Фёдор, Бӕззаты Константин ӕмӕ Джиоты Габриел.
Хуссар Ирыстоны кад ерысты хъахъхъӕдтой шахматты скъола "Белая Ладья"-йы ахуыргӕнинӕгтӕ. Ивгъуыд аз уыдон хайад райстой РЦИ-Аланийы турниры ӕмӕ сын уӕд дӕр уыд хорз хатдзӕгтӕ.