Цхинвалы дыууӕ дуканийы ссардтой контрафактон пиротехникӕйы ӕрдӕг минӕй фылдӕр иуӕджы

© Sputnik / Николай Хижняк /  Ахизын медиабанкмæпиротехникӕ
пиротехникӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы дӕлхайады кусджытӕ ссардтой Цхинвалы дыууӕ дуканийы контрафактон пиротехникӕйы 534 иуӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Дуканиты хицӕутты фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ базайрӕгтӕ ӕнӕзаконӕй уӕй кӕныны фӕдыл, кӕцыты сӕрибар реализаци у тобӕгонд", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Хъуыддаджы ӕрмӕджытӕ барвыстой Цхинвалы тӕрхондонмӕ.
Хуссар Ирыстоны декабры райдайӕнӕй милицийы кусджытӕ уадзынц рейдтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной пиротехникон фӕрӕзты ӕнӕзаконон уӕй кӕныны цаутӕ. Республикӕйы тобӕгонд у пиротехникон ӕрмӕджыты реализаци физикон гоймӕгтӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0