Уӕрӕсе адарддӕр кӕндзӕн ӕмархайд Хуссар Иримӕ коронавирусы ныхмӕ тохы, загъта Лавров

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрий
Сергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Мӕскуы адарддӕр кӕндзӕн ӕмархайд Хуссар Ирыстонимӕ коронавирусы ныхмӕ тохы, банысан кодта Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Сергей Лавров Хуссар Ирыстоны ФХМ сӕргълӕууӕг Медойты Дмитриимӕ фембӕлдыл, хъусын кӕны РИА Новости.
Министрты фембӕлд ацыд къуырисӕры уӕрӕсейаг столицӕйы.
"Коронавирусимӕ тохы фарсты фӕдыл мах банысан кодтам, дыууӕ бӕстӕйы медикты архайд ӕмӕ уӕрӕсейаг вакцинӕйы ӕрласты руаджы уавӕр фӕхуыздӕр ис. Дарддӕр кусӕм ацы здӕхтыл", - загъта Лавров фембӕлды рӕстӕджы.
Афтӕ ма дипломат банысан кодта базайрӕгты ӕрзылды фӕфылдӕр, ацы азы фыццаг хай уый схызт 70 проценты бӕрц.
"Абоны дыууӕварсон фембӕлдты фӕстӕ ӕз ма фембӕлдзӕн Дӕ коллегӕимӕ Абхазӕй, уый фӕстӕ та ауадздзыстӕм ӕртӕварсон фембӕлд, цы ран ӕркӕсдзыстӕм Женеваг дискусситы ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕм, кӕцытӕ хауынц нӕ бӕстӕты ӕддагон бастдзинӕдтӕм", - бафтыдта Сергей Лавров.
Фӕстаг хатт Сергей Лавров ӕмӕ Медойты Дмитрий фембӕлдысты ацы аз январы. Абон ма Уӕрӕсейы ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлдзӕн йӕ абхазаг коллегӕимӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0