https://sputnik-ossetia.com/20211221/bibylty-anatoliy-skhorzakhdzhyn-kodta-zary-fandadzhy-arazdzhyty-15008943.html
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Зары фӕндаджы аразджыты
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Зары фӕндаджы аразджыты
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Зары фӕндаджы аразджытимӕ, кӕцы хӕсты рӕстӕджы ссис Цхинвал ӕмӕ бирӕ хъӕуты... 21.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-21T16:07+0300
2021-12-21T16:07+0300
2021-12-21T16:07+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/15/15006525_0:0:3073:1728_1920x0_80_0_0_826a69ecdab6fa518e80947ab86c2f90.jpg
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Зары фӕндаджы аразджытимӕ, кӕцы хӕсты рӕстӕджы ссис Цхинвал ӕмӕ бирӕ хъӕуты цӕрджытӕн "Царды фӕндаг".Фембӕлды рӕстӕджы президент радта паддзахадон хорзӕхтӕ аразджытӕн сӕ егъау хайбавӕрд ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй Зары фӕндаджы арӕзтады рӕстӕджы.Зары фӕндаг у IV категорийы фӕндаг, кӕцыйы дӕргъ у 32 километры. Зары фӕндаджы проект аразӕг ӕмӕ цырынгӕнӕг у Харебаты Леонид.Прораб Гӕбӕраты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндаджы арӕзтадмӕ бавнӕлдтой 1989 азы 4 декабры. Архайдта дзы техникӕйы 12 иуӕджы ӕмӕ 15 адӕймаджы. Фӕндаджы арӕзтад балхынцъ ис 1991 азы 21 декабры.Фӕндаджы арӕзтады фӕстӕ Цхинвалы райдыдтой хӕццӕ кӕнын хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, ӕфсӕддон техникӕ, гуманитарон ӕххуыс, хӕлцад, медикаменттӕ, ӕртаг ӕмӕ ӕндӕр ӕмрӕджытӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/15/15006525_142:0:2873:2048_1920x0_80_0_0_0c52811934a1624dff887fd418fe434d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Бибылты Анатолий схорзӕхджын кодта Зары фӕндаджы аразджыты
ЦХИНВАЛ, 21 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Зары фӕндаджы аразджытимӕ, кӕцы хӕсты рӕстӕджы ссис Цхинвал ӕмӕ бирӕ хъӕуты цӕрджытӕн "Царды фӕндаг".
"30 азы размӕ арӕзт ӕрцыд Зары фӕндаг, кӕцы хонынц "Царды фӕндаг". Ацы фӕндаджы руаджы бирӕ адӕм фервӕзтысты ӕмӕ республикӕ нӕ бахаудта ӕххӕст хӕлцадон блокадӕйы. Стыр бузныг уын уӕ куыст ӕмӕ хъайтардзинады тыххӕй. Уӕ куыстӕй сымах фервӕзын кодтат сӕдӕгай адӕмы, сӕххӕст кодтат цӕрджыты ӕдасдзинад, афтӕмӕй сымахмӕ нӕ уыд нӕдӕр сӕрмагонд техникӕ, нӕдӕр транспортон артерийы дырыс проект", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
Фембӕлды рӕстӕджы президент радта паддзахадон хорзӕхтӕ аразджытӕн сӕ егъау хайбавӕрд ӕмӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй Зары фӕндаджы арӕзтады рӕстӕджы.
Зары фӕндаг у IV категорийы фӕндаг, кӕцыйы дӕргъ у 32 километры. Зары фӕндаджы проект аразӕг ӕмӕ цырынгӕнӕг у Харебаты Леонид.
Прораб Гӕбӕраты Мурӕты ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕндаджы арӕзтадмӕ бавнӕлдтой 1989 азы 4 декабры. Архайдта дзы техникӕйы 12 иуӕджы ӕмӕ 15 адӕймаджы. Фӕндаджы арӕзтад балхынцъ ис 1991 азы 21 декабры.
Фӕндаджы арӕзтады фӕстӕ Цхинвалы райдыдтой хӕццӕ кӕнын хӕцӕнгарз ӕмӕ хӕстӕрмӕджытӕ, ӕфсӕддон техникӕ, гуманитарон ӕххуыс, хӕлцад, медикаменттӕ, ӕртаг ӕмӕ ӕндӕр ӕмрӕджытӕ.