Уард ӕрлӕууыд: УУМ радзырдтой Транскамы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia AiriyanТранскам
Транскам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Транскавказаг автомагистраль нырма дӕр у ӕхгӕд. Трассӕйы уылты фӕндагон змӕлдыл дыккаг бон ис тобӕ тыхджын митуарды тыххӕй. Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) фехъусын кодтой, трассӕйыл митуард кӕй ӕрлӕууыд сахаты размӕ.

"Райсом фараст сахатыл Транскамы цӕгаттаг ӕмӕ хуссар фарс дӕр ӕрлӕууыд митуард. Кӕд ӕввахс рӕстӕг боныгъӕд нӕ февзӕрдӕр уа, уӕд фӕндагон службӕтӕ райдайдзысты сыгъдӕг кӕнын трассӕ",- загътой УУМ.

Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, нырма сӕ бон зӕгъын нӕу, кӕд сног кӕндзысты фӕндагон змӕлд Транскамыл.
Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕхгӕд у къуырисӕры 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ автотранспорты алы хуызтӕн дӕр зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас ӕмӕ митуарды тыххӕй.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0