Хуссар Иры зӕйы бын бахауӕг ӕфсӕддоны агурынмӕ ӕрбаиу сты кинологтӕ

© Photo : Пресс-служба МЧС РЮОКадры с места схода лавины у Рукского тоннеля. Поиски пропавших военных РФ в Южной Осетии
Кадры с места схода лавины у Рукского тоннеля. Поиски пропавших военных РФ в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 дек – Sputnik. Кинологтӕ ӕрбаиу сты уӕрӕсейаг ӕфсӕддоны агурынмӕ, кӕцы бахаудта зӕйы бын Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны РИА Новости экстренон службӕты минӕварыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Уый размӕ хъусын кодтой, дыццӕджы изӕры Ручъы тоннелы хуссар фарс ӕцыд зӕй, миты бын фӕцис уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты казармӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой тоннель. Хуссар ӕфсӕддон зылды информацимӕ гӕсӕ, цауы рӕстӕджы казармӕйы уыдысты фондз ӕфсӕддоны. Миты бынӕй райстой цыппар адӕймаджы, уыдонӕй дыууӕ амардысты, дыууӕйы та бакодтой рынчындонмӕ.
"Куыстмӕ ӕрбаздахтой 110 адӕймаджы, техникӕйы 36 иуӕджы, афтӕ ма Уӕрӕсейы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады дыууӕ кинологон къорды ӕмӕ техникӕйы ӕртӕ иуӕджы", - фехъусын кодта экстренон службӕты минӕвар.
Агурыны иумӕйаг хайад исынц Уӕрӕсейы ФХМ Уавӕрон-кризисон центры департамент, Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады националон центр ӕмӕ Хуссар Ирыстоны УУМ.
Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕхгӕд у къуырисӕры 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ автотранспорты алы хуызтӕн дӕр зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас ӕмӕ митуарды тыххӕй.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг, кӕцы иу кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ. Трассӕ хӕххон бынӕтты кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыстыл цӕхгӕр ӕндавы боныгъӕд.
Ног хабӕртты лентӕ
0