Пухаты Мераб: фарон азмӕ абаргӕйӕ криминогенон уавӕр у хуыздӕр

Пухаты Мераб: фаронмӕ абаргӕ криминогенон уавӕр у хуыздӕр
Рафыссын
Мидхъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб 2021 азӕн хатдзӕгтӕ аразгӕйӕ банысан кодта, иннӕ ӕзтӕм абаргӕйӕ криминогенон уавӕр кӕй у хуыздӕр.
"Абоны онг нӕ республикӕйы цыдӕриддӕр фыдракӕндтӕ ӕрцыд, уыдон нымӕц у къаддӕр фаронмӕ абаргӕйӕ ", - радзырдта Пухаты Мераб.
МХМ разамонӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз фыдракӕндты нымӕц у 119, уыдонӕй 89 раргом кодтой.
"Ацы фыракӕндтӕн сӕ фылдӕр хай сты уголовон хаххыл. Статистикӕ куыд уынын кӕны, афтӕмӕ фыракӕндтӕ чи сарӕзта, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай у ӕгуыст чи сты, ахӕм ӕмбӕстӕгтӕ, кӕнӕ та ахӕстонӕй чи рахызт, уыдон", - бахахх кодта Пухаты Мераб.
Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, ацы аз статистикӕмӕ гӕсгӕ, фыдракӕндты раргом кӕныны процент у 74,5.
Ног хабӕртты лентӕ
0