https://sputnik-ossetia.com/20211223/khussar-iry-khadgasta-uadzynts-reydta-nazta-anazakonay-lyg-kanyny-nykhma-15036618.html
Хуссар Иры хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ назтӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ
Хуссар Иры хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ назтӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ног азы размӕ наз бӕлӕстӕ лыг кӕныныл тобӕ хорз ӕндавы Хуссар Ирыстоны хихджын хъӕды рӕзтыл, фехъусын кодта Sputnik... 23.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-23T17:41+0300
2021-12-23T17:41+0300
2021-12-23T17:41+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/17/15032943_233:0:2684:1379_1920x0_80_0_0_d1b248de5d335f8bb0faa2107b809c59.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ног азы размӕ наз бӕлӕстӕ лыг кӕныныл тобӕ хорз ӕндавы Хуссар Ирыстоны хихджын хъӕды рӕзтыл, фехъусын кодта Sputnik хъӕды хӕдзарады дӕлхайады хистӕр Чилӕхсаты Таймураз.Хуссар Ирыстоны ӕртыккаг аз тобӕгонд у хихджын хъӕд лыг кӕнын."Ӕвзонг бӕлӕстӕ хорз зайынц, куы нӕ сӕм ӕвналынц, уӕд. Зӕрдӕ райы уыдонмӕ кӕсгӕйӕ. Раздӕр та бирӕ наз бӕлӕстӕ лыг кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ нал бахъуыдысты ӕмӕ-иу сӕ аппӕрстой", - загъта уагдоны сӕргълӕууӕг.Хуссар Ирыстоны хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ хихджын хъӕд ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ."Нӕ кусджытӕ милицийы кусджытимӕ иумӕ уадзынц рейдтӕ. Афтӕ ма ацӕуынц нӕ ӕмбӕстӕгтӕй фӕсидттӕм, кӕцытӕ нӕм арӕх ӕрбацӕуынц", - радзырдта уый.Чилӕхсаты Таймуразы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы нырма не сбӕрӕг кодтой наз бӕлӕстӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны цаутӕ. Фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц иварон санкцитӕ.Хъӕдын хӕдзарад уӕлвӕткы хуызы бар радты ӕрмӕст скъолатӕн, скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕн, культурӕйы хайадтӕн, Сывӕллӕтты галуан ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕн удӕгас наз балас Хуссар Ирыстоны хъӕдты равзарын.
https://sputnik-ossetia.com/20211221/ana-udagas-balasay-goraty-administratsi-naz-balasty-bazary-tykhkhay-15004892.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/17/15032943_341:0:3072:2048_1920x0_80_0_0_1349cfddeb1bfd667e7c43e17101a656.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ назтӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ног азы размӕ наз бӕлӕстӕ лыг кӕныныл тобӕ хорз ӕндавы Хуссар Ирыстоны хихджын хъӕды рӕзтыл, фехъусын кодта Sputnik хъӕды хӕдзарады дӕлхайады хистӕр Чилӕхсаты Таймураз.
Хуссар Ирыстоны ӕртыккаг аз тобӕгонд у хихджын хъӕд лыг кӕнын.
"Ӕвзонг бӕлӕстӕ хорз зайынц, куы нӕ сӕм ӕвналынц, уӕд. Зӕрдӕ райы уыдонмӕ кӕсгӕйӕ. Раздӕр та бирӕ наз бӕлӕстӕ лыг кодтой, уыдонӕй бирӕтӕ нал бахъуыдысты ӕмӕ-иу сӕ аппӕрстой", - загъта уагдоны сӕргълӕууӕг.
Хуссар Ирыстоны хъӕдгӕстӕ уадзынц рейдтӕ хихджын хъӕд ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны ныхмӕ.
"Нӕ кусджытӕ милицийы кусджытимӕ иумӕ уадзынц рейдтӕ. Афтӕ ма ацӕуынц нӕ ӕмбӕстӕгтӕй фӕсидттӕм, кӕцытӕ нӕм арӕх ӕрбацӕуынц", - радзырдта уый.
Чилӕхсаты Таймуразы ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикӕйы нырма не сбӕрӕг кодтой наз бӕлӕстӕ ӕнӕзаконӕй лыг кӕныны цаутӕ. Фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсынц иварон санкцитӕ.
"Иу метры фӕдыл ивар у 2824 сомы, афтӕмӕй дыууӕ метрӕй бӕрзонддӕр бӕлас ралыг кӕныны тыххӕй ивар уыдзӕн 5 мин сомӕй фылдӕр. Ахӕм уавӕрты гӕнӕн ис бакӕныны уголовон хъуыддаг. Бирӕ фӕткхалджыты ивар кодтой, фӕлӕ фӕстаг рӕстӕджы ахӕм цаутӕ нӕ хъуыды кӕнын", - фехъусын кодта Чилӕхсаты Таймураз.
Хъӕдын хӕдзарад уӕлвӕткы хуызы бар радты ӕрмӕст скъолатӕн, скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕн, культурӕйы хайадтӕн, Сывӕллӕтты галуан ӕмӕ ӕндӕр уагдӕттӕн удӕгас наз балас Хуссар Ирыстоны хъӕдты равзарын.