https://sputnik-ossetia.com/20211223/khussar-iry-parlamenty-spiker-khayad-raysta-kharzaudan-aktsi-ballitsty-fontan-y-15032588.html
Хуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Хуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. "Иугонд Ирыстон"-ы фракци закондӕттӕг органы спикер Тадтаты Аланы сӕргълӕудӕй хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы... 23.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-23T14:32+0300
2021-12-23T14:32+0300
2021-12-23T14:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/17/15031707_0:0:1920:1080_1920x0_80_0_0_3403503f5d4260baafcd64dc0667206a.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. "Иугонд Ирыстон"-ы фракци закондӕттӕг органы спикер Тадтаты Аланы сӕргълӕудӕй хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕ.ПТРК "Ир"-ы проект "Бӕллицты фонтан" райдыдта 1 декабры 2017 азы ӕмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны президенты ӕмархайдӕй. 2020 азы акци нӕ ауагътой коронавирусы пандемийы тыххӕй.Депутаттӕ сӕххӕст кӕндзысты сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕ, афтӕ ма ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕтты бӕллицтӕ."Ног аз у ахӕм бӕрӕгбон, кӕд диссӕгтӕ уырнынц ӕрмӕст сабиты нӕ, фӕлӕ хистӕр кары адӕмы дӕр. Мӕ цӕст алкӕмӕндӕр уарзы фидар ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ хӕрзӕбон. Уырны мӕ, сабиты бӕллицтӕ, кӕцытӕ уыдон ныффыстой Митын Дадамӕ, иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты", - банысан кодта Тадтаты Алан.Проекты автор Хъуылымбегты Елена загъта бузныг парламентаритӕн "Бӕллицты фонтан"-ы активон хайадисты тыххӕй.Ацы аз "Бӕллицты фонтан" сӕххӕст кӕндзӕн 320 ногазон фыстӕджы.
https://sputnik-ossetia.com/20211221/khussar-iry-khitsauady-sardar-khayad-raysta-kharzaudan-aktsiyy-15004615.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/17/15031707_200:0:1756:1167_1920x0_80_0_0_ab8801f245afa76db51128e7d6b7e8da.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы
ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. "Иугонд Ирыстон"-ы фракци закондӕттӕг органы спикер Тадтаты Аланы сӕргълӕудӕй хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕ.
ПТРК "Ир"-ы проект "Бӕллицты фонтан" райдыдта 1 декабры 2017 азы ӕмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны президенты ӕмархайдӕй. 2020 азы акци нӕ ауагътой коронавирусы пандемийы тыххӕй.
Депутаттӕ сӕххӕст кӕндзысты сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕ, афтӕ ма ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕтты бӕллицтӕ.
"Ног аз у ахӕм бӕрӕгбон, кӕд диссӕгтӕ уырнынц ӕрмӕст сабиты нӕ, фӕлӕ хистӕр кары адӕмы дӕр. Мӕ цӕст алкӕмӕндӕр уарзы фидар ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ хӕрзӕбон. Уырны мӕ, сабиты бӕллицтӕ, кӕцытӕ уыдон ныффыстой Митын Дадамӕ, иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты", - банысан кодта Тадтаты Алан.
Проекты автор Хъуылымбегты Елена загъта бузныг парламентаритӕн "Бӕллицты фонтан"-ы активон хайадисты тыххӕй.
Ацы аз "Бӕллицты фонтан" сӕххӕст кӕндзӕн 320 ногазон фыстӕджы.