Хуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы

© Пресс-служба парламента РЮОХуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Хуссар Иры парламенты спикер хайад райста хӕрзаудӕн акци Бӕллицты фонтан-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.12.2021
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 23 дек - Sputnik. "Иугонд Ирыстон"-ы фракци закондӕттӕг органы спикер Тадтаты Аланы сӕргълӕудӕй хайад райста хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны парламенты пресс-службӕ.
ПТРК "Ир"-ы проект "Бӕллицты фонтан" райдыдта 1 декабры 2017 азы ӕмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны президенты ӕмархайдӕй. 2020 азы акци нӕ ауагътой коронавирусы пандемийы тыххӕй.
Хуссар Иры хицауады сӕрдар хайад райста хӕрзаудӕн акцийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.12.2021
Хуссар Иры хицауады сӕрдар хайад райста хӕрзаудӕн акцийы
Депутаттӕ сӕххӕст кӕндзысты сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕ, афтӕ ма ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕтты бӕллицтӕ.
"Ног аз у ахӕм бӕрӕгбон, кӕд диссӕгтӕ уырнынц ӕрмӕст сабиты нӕ, фӕлӕ хистӕр кары адӕмы дӕр. Мӕ цӕст алкӕмӕндӕр уарзы фидар ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ хӕрзӕбон. Уырны мӕ, сабиты бӕллицтӕ, кӕцытӕ уыдон ныффыстой Митын Дадамӕ, иууылдӕр сӕххӕст уыдзысты", - банысан кодта Тадтаты Алан.
Проекты автор Хъуылымбегты Елена загъта бузныг парламентаритӕн "Бӕллицты фонтан"-ы активон хайадисты тыххӕй.
Ацы аз "Бӕллицты фонтан" сӕххӕст кӕндзӕн 320 ногазон фыстӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0