https://sputnik-ossetia.com/20211223/transkam-nyrma-dar-u-akhgad--khussar-iry-uum-15030448.html
Транскам нырма дӕр у ӕхгӕд – Хуссар Иры УУМ
Транскам нырма дӕр у ӕхгӕд – Хуссар Иры УУМ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Козаты Диана. Транскам цыппӕрӕм бон у ӕхгӕд. Знон зӕйтӕ ӕруагътой тӕссаг бынӕтты, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты... 23.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-23T10:09+0300
2021-12-23T10:09+0300
2021-12-23T12:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/793/87/7938704_212:238:816:578_1920x0_80_0_0_9cee4b474cc6e641040299dfbf25dbda.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Козаты Диана. Транскам цыппӕрӕм бон у ӕхгӕд. Знон зӕйтӕ ӕруагътой тӕссаг бынӕтты, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕхгӕд у къуырисӕры, 20 декабры, 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ автотранспорты алы хуызтӕн дӕр зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас ӕмӕ митуарды тыххӕй.Радгӕсоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Транскамы хуссар фадыгыл ис иу метры бӕрц мит, хӕхтыл та ноджы фылдӕр.УУМ ма банысан кодтой, нырма сӕ бон зӕгъын кӕй нӕу, кӕд скусдзӕн хымӕтӕг режимы Транскам.Уымӕй дарддӕр абон сног кӕндзысты ирвӕзынгӕнӕн-агурӕн операци Транскамы, цы ран агурынц иу ӕфсӕддоны, кӕцы бахаудта зӕйы бын.
https://sputnik-ossetia.com/20211222/dokhtyr-radzyrdta-afsaddonty-uavary-tykhkhay-katsyty-fervazyn-kodtoy-zayy-bynay-khussar-iry-15022430.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/793/87/7938704_159:0:930:578_1920x0_80_0_0_51a250be4657144e767113f9c35ac02d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Транскам нырма дӕр у ӕхгӕд – Хуссар Иры УУМ
10:09 23.12.2021 (Ранӕуӕггонд: 12:20 23.12.2021) ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Козаты Диана. Транскам цыппӕрӕм бон у ӕхгӕд. Знон зӕйтӕ ӕруагътой тӕссаг бынӕтты, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.
Транскавказаг автомагистралыл фӕндагон змӕлд ӕхгӕд у къуырисӕры, 20 декабры, 10.00 сахатӕй фӕстӕмӕ автотранспорты алы хуызтӕн дӕр зӕйтӕ ӕрцӕуыны тас ӕмӕ митуарды тыххӕй.
"Фӕндаг нырма у ӕхгӕд. Хӕхты нырма дӕр ис зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинад. Знон ӕруагътой цалдӕр зӕйы, ныртӕккӕ дӕр куыстӕ уагъд цӕуынц", - загътой уагдоны.
Радгӕсоны ныхӕстӕм гӕсгӕ, Транскамы хуссар фадыгыл ис иу метры бӕрц мит, хӕхтыл та ноджы фылдӕр.
УУМ ма банысан кодтой, нырма сӕ бон зӕгъын кӕй нӕу, кӕд скусдзӕн хымӕтӕг режимы Транскам.
Уымӕй дарддӕр абон сног кӕндзысты ирвӕзынгӕнӕн-агурӕн операци Транскамы, цы ран агурынц иу ӕфсӕддоны, кӕцы бахаудта зӕйы бын.