https://sputnik-ossetia.com/20211223/uaraseyy-prezident-vladimir-putinan-atsyd-arvylazon-press-konferentsi-15037701.html
Уӕрӕсейы президент Владимир Путинӕн ацыд ӕрвылазон пресс-конференци
Уӕрӕсейы президент Владимир Путинӕн ацыд ӕрвылазон пресс-конференци
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ ӕрвылазон пресс-конференцийы рӕстӕджы банысан кодта, бӕстӕйы коллективон иммунитет кӕй у 59,4... 23.12.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-12-23T16:27+0300
2021-12-23T16:27+0300
2021-12-23T16:27+0300
ног хабӕрттӕ
уӕрӕсейы
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/17/15035603_0:0:3099:1743_1920x0_80_0_0_0aedf45d7726db6446ad57a9858ca913.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ ӕрвылазон пресс-конференцийы рӕстӕджы банысан кодта, бӕстӕйы коллективон иммунитет кӕй у 59,4 проценты, фӕлӕ уый фаг нӕу. Президент баныфсӕвӕрдта, бӕстӕйы коллективон иммунитет кӕй уыдзӕн 80 проценты онг фидӕн азы дыккаг кварталы.Афтӕ ма президент фехъусын кодта, НАТО кӕй фӕсайдта Уӕрӕсейы ӕмӕ райдыдта цӕуын Скӕсӕнмӕ."Иу къахдзӕф дӕр нӕ сараздзыстӕм Скӕсӕнмӕ – афтӕ нын дзырдтой 90-ӕм ӕзты. Фӕлӕ нӕ фӕсайдтой. Ӕмӕ ныр та Румыни ӕмӕ Польшайы фӕзынынц ӕмбӕлон ситемӕтӕ. Мах та никӕмӕн ӕртхъирӕн кӕнӕм. Мах ӕрбацыдыстӕм Америкӕ кӕнӕ Великобританийы арӕнтӕм? Махмӕ нӕхимӕ цӕуынц", - банысан кодта Путин.Уымӕй дарддӕр Уӕрӕсейы президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, Украинайы куынӕг кӕнынц адӕмы, кӕцытӕ цӕттӕ сты кусын Уӕрӕсеимӕ.Владимир Путин бафтыдта, зӕгъгӕ, Мӕскуыйы фӕнды хӕларадон ахастытӕ Украинаимӕ.
уӕрӕсейы
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/0c/17/15035603_134:0:2865:2048_1920x0_80_0_0_2aee564d10e942cee0a794f24ba1f2d0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, уӕрӕсейы
Уӕрӕсейы президент Владимир Путинӕн ацыд ӕрвылазон пресс-конференци
ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин йӕ ӕрвылазон пресс-конференцийы рӕстӕджы банысан кодта, бӕстӕйы коллективон иммунитет кӕй у 59,4 проценты, фӕлӕ уый фаг нӕу. Президент баныфсӕвӕрдта, бӕстӕйы коллективон иммунитет кӕй уыдзӕн 80 проценты онг фидӕн азы дыккаг кварталы.
"Ӕз знон дзырдтон Анна Попова ӕмӕ Татьяна Голиковаимӕ, ӕмӕ Уӕрӕсейы абоны бон коллективон иммунитет у 59,4 проценты. Махмӕ 70 милуан адӕймаджы сарӕзтой фыццаг прививкӕ, 70-ӕй цъус фылдӕр та сарӕзтой дыууӕ компонент дӕр, фӕлӕ уый фаг нӕу", - загъта Путин.
Афтӕ ма президент фехъусын кодта, НАТО кӕй фӕсайдта Уӕрӕсейы ӕмӕ райдыдта цӕуын Скӕсӕнмӕ.
"Иу къахдзӕф дӕр нӕ сараздзыстӕм Скӕсӕнмӕ – афтӕ нын дзырдтой 90-ӕм ӕзты. Фӕлӕ нӕ фӕсайдтой. Ӕмӕ ныр та Румыни ӕмӕ Польшайы фӕзынынц ӕмбӕлон ситемӕтӕ. Мах та никӕмӕн ӕртхъирӕн кӕнӕм. Мах ӕрбацыдыстӕм Америкӕ кӕнӕ Великобританийы арӕнтӕм? Махмӕ нӕхимӕ цӕуынц", - банысан кодта Путин.
Уымӕй дарддӕр Уӕрӕсейы президент бахахх кодта, зӕгъгӕ, Украинайы куынӕг кӕнынц адӕмы, кӕцытӕ цӕттӕ сты кусын Уӕрӕсеимӕ.
"Мах цӕттӕ стӕм кусын тыхтимӕ, кӕцыты фӕнды саразын хорз ахастытӕ Уӕрӕсеимӕ. Цы ӕрцӕуы ахӕм тыхтимӕ? Ӕнӕтӕрхондонон ӕфхӕрдтӕ, санкцитӕ се ‘мбӕстӕгты ныхмӕ, уый та халы Украинайы конституци. Махӕн фадат нӕй кусын адӕмимӕ, кӕцыты фӕнды немӕ ӕмархайд кӕнын – уыдон куынӕг кӕнынц. Уый у стыр проблемӕ", - радзырдта Уӕрӕсейы президент.
Владимир Путин бафтыдта, зӕгъгӕ, Мӕскуыйы фӕнды хӕларадон ахастытӕ Украинаимӕ.